Знон ӕппӕт Уӕрӕсейы дӕр сбӕрӕг кодтой ӕбӕрӕг салдаты бон. Нӕ бӕстӕйы историйы фыст ӕрцыд 2014 азы. Хӕсты быдыры ӕбӕрӕгӕй чи фесӕфт, уыдоны нӕмттӕ ӕрымысынӕн 3 декабр хуымӕтӕджы нӕ равзӕрстой. Цытджын Уӕлахизыл 25 азы куы рацыд, уӕд фыццаг хатт ӕбӕрӕг салдаты стӕгдар ногӕй ныгӕд ӕрцыд Кремлы къулы цур. Цас ӕмӕ цас фӕсивӕд фесӕфт ӕбӕрӕгӕй хӕсты быдырты, цас ныййарджытӕ ӕзгъӕлдтой цӕссыг афтид ингӕнтыл.
Рацыд бирӕ рӕстӕг, фӕлӕ абон дӕр адӕм агурынц сӕ хъӕбатыр хӕстонты ингӕнтӕ, цӕмӕй сын сӕ сӕртӕй ныллӕг ӕркувой.
Ӕбӕрӕг салдаты боны кадӕн мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны горӕтты ӕмӕ хъӕуты дӕр. Номарӕн митинг уыд Дзӕуджыхъӕуы Намысы аллейы. Митинг райдыдта Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны гимнтӕй. Уӕрӕсейы ӕфсӕддон-историон ӕхсӕнад «ӕбӕрӕг салдаты бон» цы ӕппӕтуӕрӕсеон акци сарӕзта, уый фӕлгӕты Дзӕуджыхъӕуы ӕбӕрӕг салдаты ингӕныл сӕвӕрдтой дидинджытӕ. Кӕддӕриддӕр хъӕбатыр хӕстонты номыл ам судзы ӕнусон арт.
Уӕлахизы сӕрвӕлтау йӕ цард чи радта, райгуырӕн бӕстӕ фашизмӕй хъахъхъӕнгӕйӕ, уыдоны ном ӕрымысынӕн ӕдзӕмӕй алӕууыдысты митинджы архайджытӕ: ветерантӕ, ӕфсӕддонтӕ, ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ, фӕсивӕдон-патриотон клубты архайджытӕ.
Номарӕн митинджы архайдтой Дзӕуджыхъӕуы администрацийы сӕргълӕууӕг Фӕрниаты Тамерлан, нӕ республикӕйы Ветеранты советы сӕрдар Къаболаты Солтан, йӕ хӕдивӕг Бедойты Руслан, ӕхсӕнадон змӕлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сӕрдар Кучиты Руслан ӕмӕ иннӕтӕ.
Ничи ферох, ницы ферох!
ГУГКАТЫ Жаннӕ
Къамтӕ систа КЪӔБЫСТЫ Харитон