Фӕллой ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ куыст йӕ дин кӕмӕн у ӕмӕ Ирыстоны хӕрзӕбонӕн йӕ удӕй арт чи цӕгъды, ахӕм адӕймӕгтӕн нӕ республикӕйы алкӕддӕр уыд кад ӕмӕ намыс. Уыцы кадджын хистӕртӕй иу — завод «Победит»-ы кусӕг, слесыр-цалцӕггӕнӕг Николай БЕДУХО. Гыццылӕй фӕстӕмӕ бауарзта ацы дӕсныйад, ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ кӕй не сивта ӕмӕ йӕ царды фылдӕр хай — 44 азы — завод «Победит»-ӕн кӕй снывонд кодта, уый тыххӕй йын лӕвӕрд ӕрцыд кадджын ном — «Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Фӕллойы Хъӕбатыр».
Республикӕйы уыцы бӕрзонддӕр хӕрзиуӕг ын кадджын уавӕры радта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. Уый фӕдыл бӕрӕгбон арӕзт ӕрцыд Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл Ирон театры
Завод «Победит»-ы згъӕр тайынгӕнӕн 1-ӕм цехмӕ Николай Бедухо ӕрбацыд 1974 азы сентябры. Ӕмӕ уыцы бонӕй нырмӕ 44 азы рӕстудӕй ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ фӕллой кӕны ацы ран. Николай у 50 рационализаторон куысты автор. Уыдоны фӕрцы йын бантыст куыстадон хъуыддаг бынтондӕр аивын. Йе сгуыхтдзинӕдты тыххӕй йӕ ном хаст ӕрцыд заводы Кады чиныгмӕ. Промышленносты къабазы стыр сгуыхтдзинӕдты тыххӕй йын йӕ рӕстӕджы лӕвӕрд ӕрцыд РЦИ-Аланийы промышленносты сгуыхт кусӕджы ном, у «Йӕ дӕсныйады хуыздӕр»-ы номхӕссӕг, хорзӕхджын у майдан «Ирыстоны Намысӕн»-ӕй. Ныр та ссис Цӕгат Ирыстоны Фӕллойы Хъӕбатыр.
Ацы хӕрзиуӕг фидаргонд ӕрцыд 2017 азы республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы хъӕппӕрисӕй ӕмӕ лӕвӕрд цӕуы, нӕ республикӕйы алыхуызон къабӕзтӕм егъау бавӕрӕн чи бахӕссы ӕмӕ йӕ сыгъдӕгзӕрдӕ ӕмӕ рӕстуд фӕллойӕ республикӕйы экономикон, культурон ӕмӕ ӕхсӕнадон цард размӕ чи кӕны, ахӕм сгуыхт адӕймӕгтӕн. Фыццаг хатт ацы кадджын ном радтой, ирон музыкалон культурӕмӕ ӕмӕ аивадмӕ стыр бавӕрӕн чи бахаста, нӕ уыцы зындгонд композитор ӕмӕ музыкант Гӕздӕнты Булат. Ныр «Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Фӕллойы Хъӕбатыр»-ы ном лӕвӕрд ӕрцыд дыккаг хатт, ӕмӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, Николай Бедухойӕн арфӕ кӕнгӕйӕ, загъта:
— Республикӕйы ацы кадджын хӕрзиуӕг уал цы дыууӕ адӕймагӕн радтам, уыдон ӕмӕ уыдоны хуызӕн кад ӕмӕ намысы аккаг адӕймӕгтӕ республикӕйӕн сты йӕ «сыгъзӕрин ӕвӕрӕнтӕ». Ахӕм «ӕвӕрӕнтӕй» нӕ зӕхх мӕгуыр нӕу. Уыдон кусынц нӕ Ирыстоны хӕрзӕбонӕн, сӕ удӕй архайынц, цӕмӕй канд республикӕйы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт бӕстӕйы цард фӕрнджындӕр ӕмӕ хуыздӕр кӕна. Николай у, йӕ куысты бӕрзӕндтӕм чи схызт, ахӕм дӕсны, схъомыл кодта кусӕг фӕлтӕртӕ, йе ‘мкусджыты ‘хсӕн ын ис стыр кад, республикӕйы фӕллойадон азфысты та — аккаг бынат. Кӕстӕртӕн уый у ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон, Николайы хуызӕн хистӕртӕм кӕсгӕйӕ, ӕрыгӕттӕ хъуамӕ ӕмбарой — хид кӕмӕй кӕла, ӕрмӕстдӕр ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ фӕллой у ӕппӕт ӕнтыстыты бындур.
Николай Бедухойӕн ма арфӕ ракодта завод «Победит»-ы генералон директор Челдыты Руслан, стӕй арфӕйы фыстӕг Мӕскуыйӕ ӕрбарвыста Уӕрӕсейы хӕххон-металлургон къабазы кусджыты профцӕдис.
Йӕ арфӕйы ныхасы Николай Бедухо куыд загъта, афтӕмӕй йын йӕ куыст йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ бауарзын кодта йӕ фыдыфыд. Ӕрыгӕттӕн та загъта, стыр ӕхцатӕ ӕмӕ мулчы фӕстӕ ма цӕуой, фӕлӕ уарзой фӕллой кӕнын, зивӕг ма кӕной, ӕмӕ уӕд алцыдӕр уыдзӕн хорз ӕмӕ нывыл.
— Арфӕ кӕнын республикӕйы разамындӕн, мӕ куыстӕн мын ахӕм стыр аргъ кӕй скодтой, уый тыххӕй, стӕй заводы хицауадӕн ӕмӕ ме ‘мкусджытӕн, уымӕн ӕмӕ ацы кадджын хӕрзиуӕг канд мӕн нӕу, фӕлӕ ӕппӕт коллективы дӕр, — загъта Николай Бедухо.
Фӕллойы Хъӕбатыры циныл бацин кӕнынмӕ Ирон театрмӕ цы бирӕ адӕм ӕрбацыд, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ барухс кодтой завод «Победит»-ы зарӕггӕнджыты ансамбл, зарӕггӕнӕнджытӕ Собиты Станислав ӕмӕ Дзахойты Зӕринӕ, ансамбл «Фидӕн», хъазахъхъӕгты хор «Вольница», республикӕйы культурӕйы колледжы кафджыты къорд «Амонд».
ДЕДЕГКАТЫ Зӕлинӕ














