«Мамысон»: фидӕн азы райдайдзысты арӕзтадон куыстытӕ

0
457

Хӕххон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы арӕзтады фӕдыл ӕппӕт хъӕугӕ проектон документаци ныртӕккӕ ис «Главгосэкспертиза»-йы управленийы. Уый тыххӕй йӕ пресс-конференцийы рӕстӕг фехъусын кодта Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр Сергей Чеботарев.

Министры ныхасмӕ гӕсгӕ, 2020 азы райдайӕны паддзахадон экспертизӕйы специалистты хатдзӕгтӕ ацы проекты фӕдыл хъуамӕ уой цӕттӕ.

«Нӕ зӕрдӕ дарӕм, «Главгосэкспертиза»-йы специалисттӕ февралы райдайӕнмӕ ӕппӕт хъӕугӕ документтӕ дӕр кӕй сфидар кӕндзысты, ууыл. 2019 азы курорты проектон хӕрдзты документаци бацӕттӕ кӕнынӕн нысангонд ӕрцыд 100 милуан сомы бӕрц. Комплексы инфраструктурон объектты арӕзтадӕн та 2020 азы федералон бюджетӕй дихгонд ӕрцӕудзӕн 1 миллиард сомы бӕрц. Уыцы фӕрӕзтӕ сӕрмагондӕй фидаргонд ӕрцыдысты федералон бюджеты», — загъта Сергей Чеботарев.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй, «Мамысон»-ы проектыл дзургӕйӕ, ӕрӕджы РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Фадзайты ӕхсарбег загъта, курорты арӕзтадмӕ ӕппӕт инвестициты бӕрц 15,6 миллиард сомы кӕй уыдзӕн, уый (уыдонӕй 6,4 миллиард сомы — бюджеты фӕрӕзтӕ, 9,2 миллиард сомы та — инвестицион компанитӕ).

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here