Хицауадон премитӕ — фӕсивӕдон политикӕйы къабазы

0
361

Знон Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз цы ӕмбырд сарӕзта, уым бӕрӕггонд ӕрцыдысты фӕсивӕдон политикӕйы къабазы сӕрмагонд премийы лауреаттӕ.

Зындгонд куы у, афтӕмӕй фӕсивӕдон политикӕйы къабазы РЦИ-Аланийы Хицауады преми нысангонд ӕрцыд 2006 азы ӕмӕ лӕвӕрд цӕуы, хъӕппӕрисджын ӕмӕ ӕнтыстджын архайд чи кӕны, ӕхсӕнады уыцы минӕвӕрттӕн.

Иннӕ азты куыд вӕййы, афтӕ та ныр дӕр министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕтӕ, стӕй алыхуызон организацитӕ ӕрбалӕвӕрдтой преми раттыны тыххӕй кандидатурӕтӕ. Сӕрмагонд хицауадон къамис сбӕрӕг кодта, Цӕгат Ирыстоны паддзахадон фӕсивӕдон политикӕйы рӕзтмӕ стыр ӕвӕрӕн чи хӕссы, йӕ архайдӕй бӕрӕг чи дары, уыцы ӕрыгӕтты.

Афтӕмӕй ацы азы премитӕ саккаг кодтой:

Цӕгат Ирыстоны регионалон культурон-патриотон ӕхсӕнадон организаци «Иры фӕсивӕд»-ы сӕрдар Багаты Эрикӕн (граждайнаг-политикон ӕмӕ хъомыладон мадзӕлтты зӕрдиаг архайды тыххӕй);

командӕ «Город 313»-ы автор Валерия Третьяковайӕн (фӕсивӕды райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг ахсджиаг мадзӕлттӕ цӕттӕ кӕныны тыххӕй);

паддзахадон бюджетон кусӕндон «Фӕсивӕдон студи — сатирӕйы театр «Амран»-ы актер Цуциты Рустамӕн (курдиатджын ӕмӕ хъӕппӕрисджын фӕсивӕды райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг ахсджиаг мадзӕлттӕ цӕттӕ кӕныны тыххӕй).

Тускъаты Таймураз премийы ног лауреаттӕн зӕрдиаг арфӕтӕ ракодта.

— Бузныг уын зӕгъын, ӕхсӕнады райрӕзтмӕ аккаг бавӕрӕн кӕй хӕссут, уый тыххӕй. Уӕ ахсджиаг куыст баст у, бӕстӕйы царды уӕлдай ахсджиагдӕр цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдонимӕ — ӕрыгон фӕлтӕры удварнон ӕмӕ патриотон хъомыладимӕ. Паддзахадон фӕсивӕдон политикӕйы къабазы хицаудзинады республикон оргӕнтӕ ӕххӕст кӕнынц бирӕвӕрсыг куыст, ӕмӕ уыцы архайды сымахыл дӕр нӕ зӕрдӕ дарӕм. Ӕнтыстджын архайд кӕнут, ӕмӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр уӕ размӕвӕрд нысантӕ уӕ къухы ӕфтӕнт! — фӕнысан кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар.

Фембӕлды архайдта Цӕгат Ирыстоны Фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕрдар Джусойты Руслан дӕр.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here