Аразынц амбулаторитӕ ӕмӕ ӕндӕр медицинон кусӕндӕттӕ

0
420

Национ проект «ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад» ӕмӕ регионалон проект «Фыццаградон медицинон ӕххуыс кӕныны рӕзт»-ы фӕлгӕты Цӕгат Ирыстоны 2020 азы хъуамӕ саразой ӕмӕ бындуронӕй сцалцӕг кӕной 36 фелсырон, фелсырон-акушерон пункты. Уыдонӕй 25 объекты ногӕй сараздзысты, 11 кусӕндонмӕ та бындуронӕй базилдзысты. Куыстытӕ цӕудзысты Мӕздӕджы, Алагиры, Рахизфарсы, ӕрӕфы, Горӕтгӕрон, ӕрыдоны районты ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы.

Уыдӕтты тыххӕй РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн кусӕг фембӕлды рӕстӕг фехъусын кодта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Годжыцаты Тамерлан.

Куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй ведомствӕ архайы царды авд регионалон проекты рауадзыныл, уыдон сты национ проект «ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад»-ы хӕйттӕ. 2019 азы проектӕн лӕвӕрд ӕхца рауадысты 1 миллиард 260 милуан сомы. «Азы кӕронмӕ национ проектӕн лӕвӕрд ӕхца куыстгонд ӕрцӕудзысты, фарстытӕ баззад ӕрмӕстдӕр санитарон авиациимӕ баст нысантӕм. Арӕх вертолет не стӕхы ӕвзӕр боныхъӕды аххосӕй», — загъта министр.

Ацы аз цы объекттӕ сарӕзтой, уыдонӕн цӕттӕ кӕнынц сӕ документтӕ. Ныхас цӕуы Куырттаты, Хӕтӕлдоны хъӕуты фелсырон-акушерон пункттыл, Майскийы хъӕуы амбулатори, Октябрыхъӕуы фелсырон пунктыл. Уӕрӕсейы Федерацийы Хицауад йӕ Фӕстауӕрцы фондӕй нӕ республикӕйӕн радих кодта 176 милуан сомы, уыдоны фӕрцы арӕзт ӕрцӕудзӕн амбулаторитӕ Красногоры, Бӕтӕхъойыхъӕуы, Бруты, Михайловскы, фелсырон-акушерон пункттӕ Мӕцутӕйы, Дӕргъӕвс ӕмӕ Дӕллаг Санибайы.

Ныртӕккӕ цалцӕггӕнӕн куыстытӕ кӕнынц Черменыхъӕуы амбулаторийы, Республикон психиатрон ӕмӕ Тагъд ӕххуысы клиникон рынчындӕтты. Годжыцаты Тамерлан республикӕйы Сӕргълӕууӕгӕн куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Дзӕуджыхъӕуы 6-ӕм поликлиникӕ ӕхгӕд кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ кусджыты ӕндӕр медицинон организацитӕм арвыстой.

Кусӕг фембӕлды рӕстӕг ма фӕбӕрӕг кодтой ӕндӕр ахсджиаг фарстытӕ дӕр.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here