Ирон адӕймагмӕ ис тынг хорз миниуӕг: раст у, уый куы зона, уӕд рӕстдзинадагур суанг паддзахмӕ дӕр фӕцӕудзӕн! Ирон хуымӕтӕг, ӕнахуыргонд сылгоймаг Бырнацты Уӕлгьа йӕ рӕстӕджы Сталинмӕ фӕцыд, бынӕттон разамонджытӕй йын йӕ хъаст куы ничи ӕвзӕрста, уӕд.
Уӕлгъа уыдис Къадзты Карпы чызг. Уыдис бӕрзонд, хӕрзхуызтӕ, стыркъах, стыркъухджын сылгоймаг. Бынтон диссаг та уыдис йӕ тых, йӕ хъару ӕмӕ йӕ зӕрдӕхӕлардзинад. Фӕлӕ йыл цард йӕ уӕззау уылӕнтӕ бирӕ хӕттыты рауагъта…
Лабӕйы хъӕубӕстыл айхъуыст Уӕлгъайы уӕздандзинад, йӕ хъару, йӕ балӕггадуарзынад. Адӕм Бырнацты мыггагӕн арфӕтӕ кодтой, ахӕм чындз сӕм кӕй бакуывта, уый тыххӕй. Бауарзта йӕхӕдӕг дӕр бинонты, сыхбӕсты, хъӕубӕсты. Цӕр ӕмӕ цӕр уарзон адӕмы ӕхсӕн, — ахӕм амонд кастис Уӕлгъамӕ Лабӕйы. Фӕлӕ рӕстӕг йӕ кӕнонтӕ кодта, ӕмӕ ралӕууыд ӕппӕт Советон Цӕдисӕн дӕр ӕбуалгъ бӕллӕхтӕ чи ӕрхаста, уыцы ӕнамонд дуг — адӕмы хуыздӕрты Сыбыры бинаг къӕймӕ хастой, мардтой ӕнаххос адӕмы ӕнӕ тӕрхонӕй…
— Мӕ дыууӕ лӕппуйы къухтыл фӕхӕцыдтӕн, нӕ бур хъуджы сыкъатыл бӕндӕн баппӕрстон ӕмӕ нӕ сӕр нӕ кой акодтам — рацыдыстӕм Ирыстонмӕ, уӕдӕ кӕд уым исты хуызы аирвӕзиккой мӕ сабитӕ, зӕгъгӕ,— дзырдта-иу Уӕлгъа йӕ фыдӕбӕттӕ мысгӕйӕ.
Бирӕ фыдӕбӕттӕ фӕкодта Уӕлгъа кӕйдӕр хӕдзары рахау-бахау кӕнгӕйӕ. Ирон адӕмы мӕхъӕлы цӕрӕнбынӕтты куы ӕрцӕрын кодтой, уӕд ын Кантышевойы хӕдзар радтой. Ӕрбӕстон сты Бырнацты бинонтӕ сӕ бӕстыхӕйтты, сцалцӕг ӕй кодтой, бакодтой сӕ зӕххы хай. Срайдзаст сты, уыдоны размӕ ӕдзӕллаг чи уыдис, уыцы цӕрӕнтӕ. Кӕмӕдӕр ӕгӕр ӕвгъау фӕкаст, Уӕлгъайӕн ахӕм бӕстыхай кӕй радтой, уый, ӕмӕ йын цасдӕры фӕстӕ загътой:
— Суӕгъд кӕн хӕдзар! Уый дын рӕдыдӕй лӕвӕрд уыд! ӕндӕр чидӕр дзы хъуамӕ ӕрцӕра!..
— Уый та куыд? ӕмӕ дзы мах цӕуылнӕ уадзут? ӕгъгъӕд рахау-бахау нӕ фӕкодтам? Нӕ бирӕ диссӕгтӕ нын ӕгъгъӕд не сты! Кӕйдӕр кӕлӕддзаг хӕдзар йӕ къахыл куы слӕууын кодтам, уӕд нын ӕй цӕмӕн исут?
Раппӕрстой Уӕлгъайы йӕ фырттимӕ уынгмӕ. Ӕмӕ кӕцы хицауы дуар нӕ бахоста уӕды разамындӕй, фӕлӕ йын йӕ хъуыддагмӕ иу дӕр нӕ каст. Бафӕлладис хъӕстгӕнӕг, рӕстдзинад агурӕг рацу-бацуйӕ, ӕмӕ сфӕнд кодта йӕ хъаст Сталинмӕ фӕхӕссын.
Араст сты Уӕлгъа ӕмӕ йӕ 13-аздзыд фырт Ботаз фистӕгӕй Мӕскуымӕ, сӕхицӕн цыдӕр гыццыл фӕндаггӕгтӕ хордзены ахӕсгӕйӕ. Цӕмӕй зыдтой, дыууӕ мӕйы фӕндагыл уыдзысты, уый. Ныххӕццӕ сты се скъуыд къахыдарӕс ӕмӕ сӕ чъизи уӕлӕдарӕсы Мӕскуымӕ. Ссардтой Кремль дӕр, фӕлӕ йӕм мидӕмӕ куыд бацыдаиккой, уый нӕ зыдтой. Хъахъхъӕнджытӕ сӕ сисын бырумӕ хӕстӕг дӕр нӕ уагътой. Цасдӕры фӕстӕ сыл фӕгуырысхо сты, кӕд фыдгӕнджытӕ сты, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ ахӕстоны бамидӕг кодтой.
Фӕбадтысты иуцасдӕр ӕнаххос рӕстдзинадагурджытӕ, стӕй сӕм иубон фӕдзырдӕуыд. Уый фӕстӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй хъахъхъӕнджыты кӕцыдӕр хайы иу ирон лӕг куыста — йӕ мыггаг Карсантӕй. Куы фехъуыста, ирон сылгоймаг ӕмӕ йӕ фырт ахст ӕрцыдысты, Сталинмӕ сӕ бацӕуын кӕй фӕндыд, уый тыххӕй, уӕд сфӕнд кодта исты хуызы ахстытимӕ фембӕлын, кӕд уый тынг тӕссаг уыдис, уӕддӕр.
«Ницы йын ӕмбарын, мӕ мад, мӕ фыдыстӕн, цӕй тыххӕй нӕ ӕрцахстой, уымӕн. Ӕз афтӕ ӕнхъӕлдтон, ӕмӕ ам, Мӕскуыйы, мӕгуыр лӕджы ӕфхӕрд тагъддӕр бамбардзысты, мах та ам бынтон бӕллӕхы бахаудтам», — хъаст кодта Уӕлгъа Карсаны-фыртӕн.
Хуыцау йӕ зонӕг, цы хуызы бафтыд Карсаны-фырты къухы хъуыддаг Сталинмӕ фехъусын кӕнын?!
Цалдӕр боны фӕстӕ Уӕлгъа ӕмӕ йӕ фырты ӕрцӕрын кодтой Мӕскуыйы уӕладзыгдӕттӕй иуы. Радтой сын сыгъдӕг дарӕс, сӕхи сын цынайын кодтой, бафсӕстой сӕ, ӕмӕ сӕ ныффӕдзӕхстой, рӕвдз куыд уой Сталинимӕ фембӕлдмӕ, афтӕ.
— Куы уырыссагау, куы иронау дзырдтон нӕ бӕллӕхтӕ Сталинӕн. Стъолӕн йӕ иу фарс уый бадтис, иннӕ фарс та — мах. Раст цыма мӕхи фыдыфсымӕр уыдис, уыйау ын мӕ цард сӕрӕй кӕронмӕ фӕдзырдтон. Тынг бӕстон мӕм хъуыста, иуӕй-иу хатт-иу мӕ бафарста тынг фалӕрдыгон здӕхт ирон ӕвзагыл. Ӕмӕ йын ӕз дӕр дзырдтон:
— Мӕ бинонты мын ӕнаххосӕй кулак скодтой. Мӕ лӕг ӕмӕ мӕ хистӕр фырт райгуырӕн зӕхх хъахъхъӕнынмӕ фӕцыдысты. Лӕджы ӕрцахстой, уацары, дам, уыдис, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын дыууӕ азы стӕрхон кодтой. Сыбырмӕ йӕ фӕхастой. Гъе ныр уый куыд раст у? Ирон лӕг барӕй уацары бахаудзӕнис?!,— дзырдта Уӕлгъа. — Мӕ рӕзгӕ фырт та йӕ сӕр нывондӕн ӕрхаста — хӕсты быдыры баззад! — Уӕлгъа йӕ цӕстысыгтӕ ныхъуыргӕйӕ дзырдта дарддӕр, — Ирон адӕммӕ дӕ мард фесӕфайӕ карздӕр ӕлгъыст нӕй, дӕ фӕхъхъау фӕуон, Сталин. Уыцы ӕлгъыст ныл ӕрцыд,— йӕ сӕрбӕттӕны кӕрӕттӕй йӕ цӕссыгтӕ сӕрфта Уӕлгъа.
Сталин, дам, йӕ лулӕйы тамако ныннадта, ссыгъта йӕ, ӕмӕ йӕ сӕр ныллӕг ӕруагъта. Цасдӕр рӕстӕг бадтысты ӕнӕдзургӕйӕ. Стӕй Сталин сыстад ӕмӕ сындӕггай бацыд Уӕлгъайы ӕртындӕсаздзыд фыртмӕ. Йӕ сӕрыл ын йӕ къух ӕрӕвӕрдта, йе уӕхск ын ӕрхоста ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕнӕдзургӕйӕ бацыд йӕ бынатмӕ. Лӕугӕйӕ цыдӕр кънопкӕ нылвӕста, ӕмӕ дуарӕй бахызт, ардӕм сӕ чи ӕрбакодта, уыцы хӕрзконд ӕфсӕддон. Сталин ӕнӕдзургӕйӕ къухӕй ацамыдта, ӕмӕ Уӕлгъа ӕмӕ Ботазы ракодтой. Дуарӕй ма Уӕлгъа Сталинмӕ бадзырдта:
— Мӕ уд дӕ фӕхъхъау! ӕнӕниз, ӕнӕмастӕй кус!
Дыууӕ мӕйы фӕстӕ, фӕрсгӕ-фӕрсгӕ цы фӕндӕгтыл цыдысты мад ӕмӕ фырт, ууылты ныр поезды цӕлхытӕ релсытыл ӕмдзӕгъд кодтой, афтӕмӕй цыдысты Ирыстонмӕ. Мӕскуыйӕ сын семӕ рарвыстой фӕндагӕмбал. Уый сӕ бахӕццӕ кодта, суанг цы хӕдзарӕй сӕ ратардтой, уымӕ. Диссаг та уый уыдис, ӕмӕ сын се ссыдмӕ сӕ хӕдзар суӕгъд кодтой, чъырӕй йӕ сцагътой, сӕ бӕстыхайы алыварс сын ног быру скодтой. Ӕрцардысты бинонтӕ сӕ хӕдзары. Сыхӕгтӕ бирӕ арфӕтӕ фӕкодтой се ‘мбӕлццонӕн ӕмӕ йӕ афӕндараст кодтой Мӕскуымӕ.
Фӕлӕ Уӕлгъайы цин бирӕ нӕ ахаста — мӕхъӕл фӕстӕмӕ здӕхын куы райдыдтой, уӕд та сӕ сӕ хӕдзар ныууадзын бахъуыдис ӕмӕ та схӕтӕнхуаг сты. Мыггагӕй кӕмӕн куыд йӕ бон уыдис, афтӕ сын ӕххуыс кодта. Бирӕ рӕстӕг цардысты Бырнацты Гаврилтӕм (йӕ фырт Мысост).
Зӕрдӕргъӕвд Ботаз сахуыр кодта — ссис оргӕнты кусӕг. Арвыстой йӕ Бетъырбухмӕ, ӕмӕ уым кусын райдыдта. Бирӕ хӕттыты-иу ӕм ацыдис Уӕлгъа. Нал-иу ӕй уагъта уырдыгӕй Ботаз, ам иумӕ цӕрӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Уӕлгъа уарзта, ам, ирон адӕмы ӕхсӕн цӕрын. Куыста суанг зӕронды бонмӕ алы куыстуӕтты. Уарзтой йӕ йе ‘мкусджытӕ. Хаста пайда адӕмӕн йӕ куыстӕй дӕр, ӕмӕ йӕ уӕздан, фӕрныг дзыхы ныхасӕй дӕр. Фӕлӕ куы ӕрзӕронд, уӕд ӕй Ботаз йӕхимӕ акодта, ӕмӕ 1986 азы уым амард. Цӕрынӕн ӕй цы ран нӕ хъуыд, уым йӕ фӕллад уӕнгтӕ ныгӕд ӕрцыдысты.
Уӕлгъа ӕмӕ Ботаз уыдысты тынг ӕнувыд хиуӕттыл ӕмӕ мыггагыл. Ӕз сӕ мӕхӕдӕг тынг арфӕйаг дӕн — кӕддӕр мӕ бинойнаг Ульянӕимӕ нӕ фырты (уӕ фарн бирӕ) бахъуыдис уырдӕм, дохтыртӕм ласын, ӕмӕ Ботазтӕм уыдыстӕм. Тынг нын балӕггад кодтой Уӕлгъа дӕр ӕмӕ Ботаз дӕр. Ботазы байзӕддаг уым, Бетъырбухы цӕрынц. Уыдон дӕр сты сӕ хистӕртау ӕнувыд ирон адӕмыл ӕмӕ хиуӕттыл. Мӕ уд сӕ фӕхъхъау!
Бырнацты Сергей, «Рӕстдзинад»-ы архивӕй














