РЦИ-Аланийы Адӕмӕн куыст дӕттыны комитеты уыд ӕппӕт къабӕзты иугонд ӕмбырд. Ныхас дзы цыд, федералон проект «Хистӕр фӕлтӕр»-ы национ проект «Демографи» республикӕйы куыд ӕххӕстгонд цӕуы, ууыл. Бӕлвырддӕр та, пенси исынмӕ бирӕ рӕстӕг кӕмӕн нал баззад, уыдоны профессионалон ӕмӕ уӕлӕмхасӕн дӕсныйад райсыны ахуыртӕ куыд цӕуынц, уый ӕмӕ 2020 азы нысанты тыххӕй.
Ӕмбырды архайдтой Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министр Хуыбиаты Барис ӕмӕ Уӕрӕсейы ресторатортӕ ӕмӕ отельерты ассоциацийцы президенты хӕдивӕг Юрий Ушаков.
Ӕмбырд амыдта ӕмӕ национ проект «Демографи» ӕххӕст кӕныны фӕдыл цы хъуыддӕгтӕ арӕзт ӕрцыд, уый тыххӕй радзырдта РЦИ-Аланийы Адӕмӕн куыст дӕттыны комитеты сӕрдар Платы Альбинӕ.
Докладгӕнӕг куыд бацамыдта, афтӕмӕй Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийӕн национ проекты архайынӕн 2019 азы 252 адӕймагӕн дихгонд ӕрцыд 17,3 милуан сомы. Уыцы финансон фӕрӕзтӕн сӕ 95 проценты лӕвӕрд цӕуынц федералон бюджетӕй, 5 проценты та — республикӕйы бюджетӕй. Программӕйы архайджытӕ сты, пенси райсыны ӕмгъуыдмӕ ма фондз азы кӕмӕн баззад, ахӕм адӕймӕгтӕ, уыдонимӕ — пенси ӕмгъуыдӕй раздӕр снысаны бар кӕмӕн ис, уыдон дӕр. Ахӕм номхыгъдмӕ цы адӕймаг хауы, уымӕн Уӕрӕсейы Пенсион фонд хъуамӕ радта сӕрмагонд гӕххӕтт, фӕлӕ уыцы гӕххӕтмӕ пенсиисӕджы цӕуын нӕ бахъӕудзӕн. Сӕрмагонд бадзырдмӕ гӕсгӕ уыцы хъуыддаг йӕхимӕ райста республикӕйы Адӕмӕн куыст дӕттыны комитет.
Программӕйы архайджытӕ сты, ахуыртӕм куыстдӕттӕг организацитӕ кӕй ӕрбарвыстой, ахӕм адӕймӕгтӕ, стӕй сӕхи фӕндӕй адӕмӕн куыстагурӕг службӕйы оргӕнтӕм куырдиатимӕ чи ӕрбацыд, уыдон дӕр. Куыст чи агуры, уыдонӕн ахуыры рӕстӕг фыст цӕуы стипенди. Федералон закъон «Куысты мызды ӕппынкъаддӕр бӕрцы тыххӕй»-мӕ гӕсгӕ уый мӕймӕ у 11 280 сомы.
Проект ӕххӕст кӕныны размӕ комитет бакодта егъау информацион-ӕмбарынгӕнӕн куыст адӕмимӕ. Спайда дзы кодта дзыллон хабархӕссӕг ӕппӕт фӕрӕзтӕ ӕмӕ Интернетӕй. Ахуырадон организацитимӕ арӕзт ӕрцыд 15 кусӕг ӕмбырды, цӕмӕй сӕм, ахуыр кӕнынмӕ цы хистӕр кары адӕм ӕрбацӕуа, уыдонӕн ӕнӕмӕнг саразой профессион стандарттӕн дзуапдӕттӕг программӕтӕ.
Национ проект куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ, ахуыр чи кӕны, уыдоны нымӕц дыууӕ хатты бӕрц фӕфылдӕр, проекты архайдта 561 адӕймаджы. Уыдонӕй — 459, кусгӕ чи кӕны ӕмӕ сӕ дӕсныйад аивын чи сфӕнд кодта, ахӕмтӕ, 194 — алыхуызон къабӕзты организацитӕй ӕмӕ 102 та, кусгӕ чи нӕ кӕны ӕмӕ ма пенсимӕ фондз азы кӕй хъӕуы, ахӕмтӕ.
Ныртӕккӕ ныхас цӕуы, куыст раттын йӕ бон кӕмӕн у, ахӕм 43 организациимӕ. Афтӕмӕй программӕйы сӕйраг нысан, пенсийы агъоммӕйы кары адӕймӕгтӕн ахуырты фӕстӕ куыст ссарыны хъуыддаг ӕххӕстгонд ӕрцӕудзӕн. Ахуыртӕ арӕзт ӕрцыдысты 31 бындурон программӕтӕм гӕсгӕ. Уыдоны цӕттӕ кодтой хӕринаггӕнджыты, хуыйджыты, санитарты, рынчынтӕм кӕсӕг медицинон кӕстӕр хоты, ЭВМ-ы операторты, ӕндӕр дӕсныйад райсыныл уӕлӕмхасӕн ахуырады ахуыргӕнджыты, ахуырады психологты, компьютерон дизайнерты, интерьеры дизайнерты, социалон кусӕндӕтты артгӕнӕнты операторты, электрогазӕй ӕндадзджыты ӕмӕ бирӕ ӕндӕр дӕсныйӕдтыл.
Кӕронбӕттӕны докладгӕнӕг ранымадта, кӕцы дӕсныйадыл цал адӕймаджы сахуыр кодтой, уыдоны.
Ӕмбырды раныхас кодта ресторатортӕ ӕмӕ отельерты ассоциацийы президенты хӕдивӕг Юрий Ушаков. Уый радзырдта, бӕстӕйы регионтыл зилгӕйӕ, суазӕг кӕныны хъуыддаджы цы бирӕ хъуагдзинӕдтыл ӕмбӕлд, суанг хъусынгӕнинӕгтӕ уырыссагау куыд ӕнӕмбаргӕ фыст ӕрцӕуынц, уыдӕтты тыххӕй. Хорзыл банымадта, программӕйы ахуыртӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы куыд бӕстон ӕмӕ бӕлвырд цӕуынц, уый.
Федералон национ проект «Демографи» куыд ӕххӕстгонд цӕуы, цы цӕлхдуртыл ӕмбӕлдысты ӕмӕ сӕ куыд иуварс кодтой, уый тыххӕй ӕмбырды архайджытӕн радзырдта РЦИ-Аланийы фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министр Хуыбиаты Барис.
Уӕрӕхгонд ӕмбырды се ‘нтыстытӕ ӕмӕ къуылымпыты, стӕй фидӕн азы архайды нысанты тыххӕй радзырдтой ахуырадон организациты минӕвӕрттӕ.
Касаты Батрадз












