Афӕдзы фӕстаг бонты республикӕйы ӕппӕт ахуырадон ӕмӕ хъомыладон кусӕндӕтты цӕуынц Ног азы бӕрӕгбӕттӕ, сывӕллӕттӕн кӕнынц лӕвӕрттӕ, алы ‘рдыгӕй хъуысы сабиты зарын ӕмӕ кафын.
Диссаджы ногазон бӕрӕгбон бацӕттӕ кодтой Алайнаг гимназы гыццыл ахуырдзаутӕ дӕр сӕ ахуыргӕнджытимӕ. Аргъӕуттӕй ӕрцӕуӕг хъайтартимӕ, Митын Дада ӕмӕ Митӕимӕ иумӕ сывӕллӕттӕ архайдтой сценӕйыл ӕмӕ сӕ арӕхстдзинад ӕвдыстой кафынӕй, зарынӕй, ӕмдзӕвгӕтӕ кӕсынӕй, спортивон фӕлтӕрӕнты ерыс кӕнынӕй. Ӕмӕ уӕлдай ӕхсызгон уый у, ӕмӕ гыццыл ахуырдзаутӕ кӕй зарыдысты ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ кӕй дзырдтой зӕлланггӕнаг мадӕлон ӕвзагыл.
Сӕ Ног азы рӕсугъд бӕрӕгбонмӕ Алайнаг гимназы хъомылгӕнджытӕ ӕрбахуыдтой республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы. Йемӕ ма уыд ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмилӕ Башарина дӕр. Алайнаг гимназы ахуырдзаутӕн, сӕ ахуыргӕнджытӕн ӕмӕ ныййарджытӕн арфӕ кӕнгӕйӕ, Битарты Вячеслав загъта:
— Ацы бон не ‘ппӕт дӕр стырӕй-чысылӕй ӕхсызгонӕй ӕмбӕлӕм, алкӕмӕн дӕр уӕлдай уарзондӕр чи ссис, уыцы диссаджы бон — Ног азы бӕрӕгбоныл. Афӕдзы дӕргъы йӕм алчидӕр стыр ӕхсызгонӕй фенхъӕлмӕ кӕсы. Ныр Ног аз нӕ къӕсӕрыл ногӕй ӕрбалӕууыд, ӕмӕ уын уый фӕдыл кӕнын зӕрдиаг арфӕ. Фыццаджыдӕр, мӕ фӕнды арфӕ ракӕнын гимназы ахуыргӕнджытӕн, ацы сабитӕн ирон ӕвзаг, ирон ӕгъдӕуттӕ бацамоныныл сӕ хъарутӕ чи нӕ ӕвгъау кӕны, уыдонӕн. Ацы скъола аразын куы райдыдтам, уӕд уыд алыхуызон хъуыдытӕ, хъӕуы ӕви нӕ, сӕ сывӕллӕтты ардӕм ӕрбахонын ныййарджыты бафӕнддзӕн ӕви нӕ, стӕй, нымадӕй цас уыдзысты уыцы ахуырдзаутӕ, ӕппӕт уыдӕтты фӕдыл. Фӕнд кодтам фыццаг уал иу кълас байгом кӕнын, фӕлӕ сывӕллӕттӕ уыдысты фылдӕр, ӕмӕ байгом кодтам дыккаг кълас. Уыдон дӕр фаг нӕ разындысты, ӕмӕ гимназы фӕзынд фылдӕр кълӕстӕ. Ныр, хъуыддаг куыд ӕвдисы, афтӕмӕй уыдон дӕр фаг нал сты, уымӕн ӕмӕ, Алайнаг гимназы йӕ сывӕллон ахуыр кӕна, уый кӕй бафӕндыд, ахӕм ныййарджытӕ разынд бирӕ, бынат та уал дзы ныртӕккӕ уыйбӕрц нӕй. Уымӕ гӕсгӕ мӕхи номӕй дӕр, республикӕйы разамынды номӕй дӕр дзырд дӕттын, гимназы гӕнӕнтӕ ӕмӕ авналӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕныныл дарддӕр дӕр кӕй архайдзыстӕм ӕмӕ ирон ӕвзаг бахъахъхъӕнынӕн кӕй ницы бавгъау кӕндзыстӕм, ууыл. Алайнаг гимназы рауагъдонтӕ канд ирон ӕвзаг иттӕг хорз зоныныл хъуамӕ ма ӕрлӕууой, фӕлӕ хъуамӕ хорз зоной уырыссаг ӕвзаг дӕр, фӕсарӕйнаг ӕвзӕгтӕ дӕр, ӕндӕр предметтӕ дӕр. Ацы ахуыргӕнӕндоны хъомылгӕнджытӕй хъуамӕ рауайа хӕрзӕгъдау кӕстӕртӕ, ирон ӕгъдау ӕмӕ намыс дзыллӕты ‘хсӕн бӕрзондӕй чи хӕсдзӕн, ахӕм фӕсивӕд. Ӕмӕ афтӕ цӕмӕй уа, уымӕн араздзыстӕм ӕппӕт фадӕттӕ дӕр.
Уый фӕстӕ Митын Дада сывӕллӕттӕн байуӕрста йӕ Ног азы лӕвӕрттӕ, стӕй сын зӕрдӕ бавӕрдта, Ног азы ӕхсӕв мит ӕнӕмӕнг кӕй рауардзӕн, уымӕй.
ӔГАЙТЫ Зӕлинӕ
Къамтӕ систа Къӕбысты Харитон















