Ӕппӕт бӕстӕйы дӕр цӕуы Ног азы агъоммӕйы хӕрзаудӕн акци «Куырдиӕтты зазбӕлас». Цӕгат Ирыстоны дӕр ацы ахсджиаг хъуыддаг йӕ тыхы бацыд.
Нӕ республикӕйы Хицауады хӕдзары бахизӕны цы зазбӕлас ӕвӕрд ӕрцыд, ууыл фидаргонд ӕрцыдысты сывӕллӕтты фыстӕджытӕ. Чи сӕ цӕмӕ бӕллы, Ног аз цавӕр лӕвармӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттӕ дзы ныффыстой сидзӕр сывӕллӕттӕ, се ’нӕниздзинады уавӕрмӕ гӕсгӕ сӕ авналӕнтӕ цыбыр кӕмӕн сты, ахӕм ӕмӕ ӕвӕрӕз бинонты сабитӕ. Сывӕллӕтты бӕллицтӕ сӕххӕст кӕныны охыл зазбӕласы цурмӕ ӕрбацыдысты РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, Хицауады уӕнгтӕ, бынӕттон хиуынаффӕйады разамонджытӕ.
Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтӕмӕй ахӕм хорз хъӕппӕрисы фӕрцы фылдӕр ӕргом здӕхт ӕрцӕуы сывӕллӕттӕм. «Рӕзгӕ фӕлтӕрӕн, уӕлдайдӕр та фӕкӕсынхъуаг сывӕллӕттӕн, баххуыс кӕнын у нӕ сӕйраг хӕс, ӕрвылбоны нысан. Мах дӕр кӕддӕр, нӕ сабидуджы, ӕууӕндыдыстӕм диссӕгтыл, ӕмӕ хъуамӕ ныр алцыдӕр скӕнӕм, цӕмӕй Ирыстоны ӕвзонг граждӕнтӕ банкъарой, се ’ппӕт фӕндӕттӕ ӕмӕ бӕллицтӕ, ӕнӕмӕнг, кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый», — загъта республикӕйы Сӕргълӕууӕг.
Авдаздзыд Гӕгуылаты Тамерлан йӕ зӕрдӕ дары, Ног аз ын музыкалон инструмент кӕй ӕрхӕсдзӕн, ууыл. Йӕ куырдиат та йын ӕххӕст кӕндзӕн Битарты Вячеслав. Кремлы цы Ногазон зазбӕлас уыдис, уырдыгӕй дӕр ма нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг райста сывӕллӕтты фӕндӕттимӕ ӕртӕ куырдиаты. Уым та сабитӕ куырдтой фӕндыр, хъазӕн ӕфсӕнвӕндаг ӕмӕ цӕрӕнуат сцалцӕг кӕнын.
Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймуразы фӕрцы Аринӕ Погосян суыдзӕн спортивон ифтонггӕрзты хицау, Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Дзанайты Барис та Плиты Давидыл сӕмбӕлын кӕндзӕн тагъдцӕуӕг велосипед, Иринӕ Азимова та ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн цыппараздзыд Плиты Хетӕджы бӕллиц – фӕхӕццӕ йӕм кӕндзӕн спорты архайыны фӕрӕз. Афтӕ – иннӕ сывӕллӕтты куырдиӕттӕ дӕр. Бамбарӕн ис, сывӕллӕтты къухты ацы лӕвӕрттӕ куы бакӕной, уӕд сабитӕ куыд цин кӕндзысты, уый.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














