Ног азы арфӕтӕ

0
835

Мӕ зынаргъ ӕмбӕстӕгтӕ!

 

Зӕрдиаг арфӕ уын кӕнын, Ног 2020 аз нӕм кӕй ӕрбахӕццӕ, уый  фӕдыл. Уӕ алы хӕдзармӕ дӕр ӕрбахӕссӕд циндзинад, амонд ӕмӕ фӕрныгад. Уӕд ӕнцойад ӕмӕ сабырдзинад тауӕг.

Ацы аз мах иууылдӕр иумӕ бакуыстам хъазуатонӕй ӕмӕ сарӕзтам бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ: дӕсгай ног цӕрӕн хӕдзӕрттӕ, скъолатӕ, сывӕллӕтты цӕхӕрадӕттӕ, Культурӕйы галуантӕ, социалон ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады куыстуӕттӕ, спортивон бӕстыхӕйттӕ,  реставрацигонд ӕрцыдысты  республикӕйы ӕмӕ районты дзӕвгар фӕндӕгтӕ, аивгонд цӕуынц цӕрӕн бынӕттӕ, нӕ цӕстыты раз йӕ хуыз ивы ӕмӕ хуыздӕр кӕны хӕстон намысы горӕт Дзӕуджыхъӕу.

Нӕ республикӕ активонӕй архайы ӕппӕт федералон программӕты дӕр, се ‘ргом ӕм здахынц инвестортӕ, раззагдӕр зындгонд базарадон, арӕзтадон ӕмӕ туристон компанитӕ. Уыдоны фӕрцы фадат ис регионы дарддӕры рӕзтӕн.

Цӕгат Ирыстоны къухы ӕнтыстдзинӕдтӕ ӕфты, йӕ размӕвӕрд хӕстӕ ӕххӕст кӕны, стӕй йӕ нысантӕм ныфсджынӕй  цӕуы йӕ цӕрджыты сфӕлдыстадон куысты руаджы.

Ног азы дӕр нӕ кусын хъӕудзӕн уӕхскуӕзӕй. Цӕмӕй нӕ республикӕ йӕ хуыз скала, цӕмӕй йӕ алы цӕрӕджы фӕрныгад дӕр рӕза, цӕмӕй нӕ алчидӕр  паддзахады ӕххуыс иудадзыгдӕр йӕхиуыл ӕнкъара, уый тыххӕй нӕ  архайын хъӕудзӕн йӕ размӕвӕрд пълантӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕнын.

Ног азы агъоммӕ нӕ республикӕйы алы бинонтӕ дӕр сӕ хиуӕттимӕ  ӕрӕмбырд уыдзысты сӕ бӕрӕгбоны фынгты уӕлхъус, цӕмӕй иумӕ сӕмбӕлой ног азыл.

Уыцы ӕхсӕв цы хорз куывдтытӕ скӕнат, уыдонимӕ ӕз дӕр ӕхсызгонӕй сразы уыдзынӕн. Алкӕмӕн дӕр уӕ мӕ зӕрдӕ зӕгъы фидар ӕнӕниздзинад, зӕрдӕхӕлардзинад ӕмӕ стыр ӕнтыстытӕ ног азы, нӕ уарзон республикӕйӕн та — сабырдзинад, фӕрныгад ӕмӕ хъӕздыгдзинад!

Битарты Вячеслав,

Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг

 

Мӕ зынаргъ ӕмзӕххонтӕ!

Рӕстӕг ӕнӕрынцойӕ згъоры размӕ ӕмӕ нӕ фӕхӕстӕгдӕр кӕны Ног азмӕ. Зӕронд аз фӕцӕуы историмӕ. Нӕ зӕрдыл ӕй бадардзыстӕм вазыгджын цаутӕ ӕмӕ фембӕлдтытӕй, дызӕрдыг хъуыдытӕ ӕмӕ сагъӕстӕй, ӕнтыстдзинӕдтӕ ӕмӕ уӕлахизтӕй. Фӕнды мӕ ӕууӕндын, кӕд цыфӕнды зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстам (ӕнӕ уыдонӕй цард нӕй), уӕддӕр нӕ  алкӕмӕн дӕр балӕвар кодта бирӕ диссаджы уысмтӕ, ӕрбахаста нын амондджын ивддзинӕдтӕ, фӕхъӕздыгдӕр нӕ кодта ног фӕлтӕрддзинад ӕмӕ рухсхӕссӕг ӕнкъарӕнтӕй.

Декабры фӕстаг бонты ӕмӕ бӕрӕгбоны агъоммӕйы змӕлдтыты рӕстӕг мах архайӕм, цӕмӕй кӕронмӕ сӕххӕст кӕнӕм, нӕ размӕ цы хӕстӕ сӕвӕрдтам, уыдон, ӕмӕ нӕ царды ног сыф байгом кӕнӕм ног нысантимӕ. Ацы диссаджы бӕрӕгбон алчидӕр бӕрӕг кӕны йӕ бинонтимӕ. Кремлы куранттимӕ нӕ хъуыдыты сног кӕнӕм нӕ ахсджиагдӕр бӕллицтӕ, кӕрӕдзийӕн фӕарфӕтӕ кӕнӕм уӕлдай фӕлмӕндӕрӕй ӕмӕ зӕрдиагдӕрӕй. Фӕфӕнды нӕ, цӕмӕй нын ног аз зӕронд азӕй  фылдӕр хорздзинӕдтӕ ӕрбахӕсса. Гъе, фӕлӕ уӕддӕр комкоммӕ зонӕм, иууылдӕр иумӕ куы архайӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд сараздзыстӕм ӕппӕты вазыгджындӕр хъуыддӕгтӕ, уӕд фӕфылдӕр кӕндзыстӕм нӕ республикӕйы ӕнтыстдзинӕдтӕ ӕмӕ ныфсджынӕй цӕудзыстӕм размӕ.

Мӕ зынаргъ ӕмбӕстӕгтӕ, ног 2020 аз уын балӕвар кӕнӕд уӕле исгӕ, бынӕй ахадгӕ афӕдзы фаг амонд ӕмӕ циндзинад. Ирыстоны алы хӕдзары дӕр ӕрфысым кӕнӕнт  сабырдзинад, зӕрдӕхӕлардзинад ӕмӕ фӕрныгад!

Алексей Мачнев,

Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сӕрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here