«Дзӕуджыхъӕу-Сочи»: ног фӕткмӕ гӕсгӕ

0
209

2020 азы 13 январӕй фӕстӕмӕ иуцасдӕр фӕивдзӕн уӕлдӕфон маршрут «Дзӕуджыхъӕу-Сочи» ӕххӕст кӕныны фӕтк.

Уый тыххӕй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Промышленност ӕмӕ транспорты министрады пресс-службӕ.

Пресс-службӕйы минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстоны сӕйраг горӕт ӕмӕ бӕстӕйы сӕйраг курорты ‘хсӕн хӕдтӕхджытӕ нырӕй фӕстӕмӕ тӕхдзысты къуырисӕр ӕмӕ майрӕмбоны. Уыимӕ, къуырисӕры хӕдтӕхӕг Сочийӕ рабалц кӕндзӕн 14 сахатыл, Дзӕуджыхъӕуӕй та — 16 сахат ӕмӕ 20 минутыл, майрӕмбоны та — 12 сахат ӕмӕ 55 минутыл ӕмӕ 15 сахат ӕмӕ 30 минутыл.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Сочийы ‘хсӕн авиацион бастдзинад фӕзынд 2019 азы сӕрды (маршрут ӕххӕст кӕны авиакомпани «ЮТэйр».

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here