Мадӕлон ӕвзаг зардӕйы арф бынат ахсы

0
345

А фӕстаг рӕстӕджы «Рӕстдзинад»-ы бакӕсын, адӕймаджы зӕрдӕ тынг чи бацагайы, ахӕм ӕрмӕджытӕ. Бӕрӕг у, нӕ адӕмӕй алкӕмӕн дӕр нӕ мадӕлон ӕвзаг йӕ зӕрдӕйы арф бынат кӕй ахсы, уый. Уырны мӕ, дарддӕр афтӕ зӕрдиагӕй архайгӕйӕ, йӕ сомбон бӕлвырд хорзӕрдӕм кӕй фӕивдзӕн, уый.

О, фӕлӕ замана уый у, ӕмӕ нӕ ирон адӕмӕй йӕ бон кӕмӕн у, уыдонӕй бирӕтӕ сӕхицӕн хӕсыл нӕ нымайынц мадӕлон ӕвзагыл аудын. Ацы ахсджиаг сагъӕс махӕй алчидӕр нӕ удварны хӕзна, нӕ уарзон «Рӕстдзинад»-ы бӕрны бакодтам, йӕ кусджыты уӕхсчытыл ӕй сӕвӕрдтам, нӕ нӕм хъары ацы арфӕйаг адӕмы ӕрвылбоны архайд нӕ ирондзинадыл. Нӕ уарзон «Рӕстдзинад»-ы тираж фондз мины дӕр нӕу. Куыд хъуамӕ ма уаид уый бӕрц газетрафысджытӕ Ирыстоны алкӕцы районы дӕр. Худинаг ӕмӕ аллайаг!

Коммунистты рӕстӕг партион куыст кодтон, ӕмӕ мӕ зӕрдыл хорз лӕууы газеттӕ рафыссыны рӕстӕг-иу нӕ куысты ахсджиагдӕр фарстытӕй фыццагдӕр уыди газеттӕ рафыссыны тыххӕй дзыллон агитаци. Абон афтӕ нал у, ӕмӕ мыхуыры фӕрӕзтӕ дӕр бирӕ сафынц, куыстуӕттӕ — бирӕ, фӕлӕ ацы фарст никӕйуал ӕндавы.

Нӕ мадӕлон ӕвзагыл уӕлӕхох кӕй стӕм, уымӕн аххосӕгтӕ — бирӕ, йӕ хъысмӕтыл дзурджытӕ дӕр — афтӕ, мӕгуыр сӕ не стӕм. Фӕлӕ ацы ахсджиаг хъуыддагыл аудындзинад лӕмӕгъ у. Цымӕ ма мадӕлон ӕвзагыл урокты бӕрц махау кадавар искӕцы национ республикӕйы у? Нӕ мӕ уырны.

Катайгӕнгӕ фӕкӕсын, нӕ ахуыргонд, кӕнӕ бӕрнон бынӕтты кусӕг адӕймӕгтӕ дӕр арӕх, хъӕуа-нӕхъӕуа, ӕрмӕстдӕр уырыссагау куы фӕдзурынц, уымӕ. Уырыссаг ӕвзаджы ныхмӕ нӕ дӕн, фӕлӕ-иу ацы арфӕйаг адӕм арӕхдӕр сӕ мадӕлон ӕвзагыл куы дзуриккой, уӕд уыдон фӕзмгӕйӕ, чи зоны, бирӕтӕ иронау дзурын райдаиккой. Чи зоны, ахъуыды кӕниккой, ӕнӕ ирон ӕвзаг ирон уӕвӕн кӕй нӕй, ууыл.

Айразмӕ Цгъойты Хазби «Рӕстдзинад»-ы фыста, Намысы Мемориалы ӕмӕ Мыхуыры хӕдзары раз зиллаккы цӕджындз-стелӕйыл ӕртӕрдыгӕй цы фыстытӕ ис: «Слава защитникам Отечества всех времен», зӕгъгӕ, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ йӕ алыварс цалдӕр хатты ӕрзылдтӕн. Ӕнхъӕлдтон, уыцы ныхӕстӕ иуӕрдыгӕй иронау фыст уӕддӕр уыдзысты, фӕлӕ никуы ӕмӕ ницы.

Нӕ ирон адӕмӕй бирӕтӕ бакъул кодтой сӕхи нӕ зынаргъ Ирыстоныл Гуырдзыстоны алы рӕттӕй. Уӕдӕй нырмӕ ӕнусы цыппӕрӕм хайӕ фылдӕр рацыд, мӕ фарсмӕ дӕр дзы дзӕвгар цӕры, ӕмӕ, хъыгагӕн, сӕ фылдӕр абон дӕр, куыд сӕхи хӕдзӕртты, афтӕ ӕддейы дӕр гуырдзиагау дзурынц. Хъыгаг у! Арӕх дзы бирӕтӕн бауайдзӕф кӕнын,фӕлӕ сӕ дзуапп фылдӕр вӕййы: «Кӕм мӕ бахъӕудзӕн ирон ӕвзаг? Йӕ авналӕнтӕ ардыгӕй Елхоты онг йеддӕмӕ куы нӕ сты». Кӕнӕ та се ‘фсон фӕвӕййы, ирон скъолайы кӕй нӕ ахуыр кодтой, уый. Дӕ мадӕлон ӕвзаг ма уарз, ма йын лӕггад кӕн, уый ӕгаддзинадыл дзурӕг у.

Хъыгаг у, сӕ мадӕлон ӕвзаг кӕй нӕ зонынц, уый, йӕ сахуыр кӕнын сӕ кӕй нӕ фӕнды, уый та бынтон бӕллӕх у. Хатын, кӕмӕ ӕмбӕлы, уыдонмӕ. Ахъуыды кӕнут уӕ сомбоныл. Бауарзут уӕхи, ахъуыды-иу кӕнут, хӕлынбыттыры мыст уӕвын нал фӕндыд, мӕргътимӕ тӕхын, дам, мӕ фӕнды. Уыдон дӕр ӕй сӕхимӕ нӕ бауагътой, ныр боны рухсмӕ йӕхи равдисынмӕ дӕр йӕ ныфс нал хӕссы. Хи адӕмыл дызӕрдыгдзинадӕн дӕр йӕ сомбон уырдӕм цӕуы.

Ӕз нӕ ирон адӕмӕй дзӕвгар зонын, гуырдзиаг ахуырад чи райста, фӕлӕ мадӕлон ӕвзаг зынаргъӕй кӕмӕн баззад, ӕмӕ йын цӕрӕнбонты зӕрдиаг лӕггад чи фӕкодта, ахӕмты. Куыд нӕ ракӕнӕм сӕ кой Бестауты Гиуӕргийӕн, Булкъаты Михалӕн, Нартыхъты Михалӕн, Къӕбысты Уарденӕн. Бестауы-фырт каст фӕци Тбилисы паддзахадон университеты филологон факультет, фӕлӕ ирон ӕвзагмӕ тынг арӕхстджынӕй ратӕлмац кодта Руставелийы ӕнӕмӕлгӕ поэмӕ «Стайы цармдарӕг». Уый тыххӕй хорзӕхгонд ӕрцыдис И. Мачабелийы номыл премийӕ, уый та се ‘ппӕтӕй кадджындӕр преми у гуырдзиаг аивадон литературӕйы.

Мыхуыры фӕрӕзты ӕмӕ телеуынынады бирӕ хӕттыты фенын, ӕндӕр адӕмы минӕвӕрттӕй бирӕтӕ ирон ӕвзаг сӕхи мадӕлон ӕвзагау куыд бауарзтой ӕмӕ йын куыд лӕггад кӕнынц, уымӕн. Рӕгъмӕ рахӕссинаг сты Зоя Черкасова, Светланӕ Ивченко, уӕлдайдӕр, тӕтӕйраг сылгоймаг Яфарат ӕммыгуылцын, сыгъдӕг иронау нын чи фӕдзӕхсы мӕнӕ ахӕм хуызы: «Иры дзыллӕ, Хуыцауӕй курӕгау уӕ курын, ма рӕдийут, ма кӕнут стырзӕрдӕ уе ‘взагыл».

Куыд ӕхсызгонӕй баузӕлын, мӕ сыхы ӕндӕр адӕмы минӕвӕрттӕй ирон цардӕмбӕлттимӕ нӕргӕ хӕдзӕрттӕ чи скодта ӕмӕ кадджынӕй чи зӕронд кӕны, уыцы уырыссаг Лидия Тарасова ӕмӕ гуырдзиаг Дареджан Хачишвилийыл. Семӕ дзургӕйӕ, ницы хуызы бафиппайдзынӕ, ирӕттӕ кӕй не сты, уый.

Мадӕлон ӕвзагыл аудындзинадыл, бӕрзонд къӕпхӕныл ӕй дарыны тыххӕй зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ зӕгъы зындгонд авайраг поэт Расул Гамзатов: «Кӕд райсом ме ‘взаг фесӕфдзӕн, уӕд ӕз абон мӕлынмӕ цӕттӕ дӕн». Ӕмӕ ма ноджы. Францы, дам, фембӕлдтӕн авайраг лӕгыл, дзӕвгар рӕстӕг уым чи фӕцард, ууыл. Нӕхи ӕвзаг, дам, нал зыдта, ныхас, дам, кодтам тӕлмацгӕнӕджы фӕрцы. Фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхгӕйӕ, дам, ын йӕ мадӕн куы загътон уыцы хабар, уӕд, дам, йӕ цӕсгомыл сау кӕлмӕрзӕн фыдохы нысанӕн ӕрӕмбӕрзта, кӕд, дам, ӕй ӕз, йӕ ныййарӕг, цы ӕвзагыл сдзурын кодтон, уый ферох кодта, уӕд, дам, ӕй ӕз абонӕй фӕстӕмӕ удӕгӕстимӕ нал нымайдзынӕн.

«Кӕд бамбардзыстӕм нӕхи?» — фӕрсы зӕрдӕрисгӕйӕ газетксӕг Псхацъӕты-Таутиаты Лидӕ. Ӕцӕгӕйдӕр, кӕд?..

Къӕбысты Отар,

фӕллойы ветеран, Хуссайраг поселок

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here