Ӕфсӕддон парадты архайдзысты

0
260

Ацы бонты Хуссайраг ӕмӕ Цӕгат Кавказы федералон зылдты регионты Хуссайраг ӕфсӕддон зылды дӕлхайӕдты райдыдта Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы 75 азы кадӕн мадзӕлттӕм цӕттӕгӕнӕн куыст.

Уый тыххӕй фехъусын кодта Хуссайраг ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Пресс-службӕйы минӕвар куыд радзырдта, афтӕмӕй бӕрӕгбоны мадзӕлттӕн сӕ сӕйрагдӕр хай уыдзысты, дыууӕ федералон зылды егъаудӕр горӕтты цы ӕфсӕддон парадтӕ сараздзысты, уыдон.

Ӕмткӕй райсгӕйӕ, ӕфсӕддон парадты архайдзысты 43 мин адӕймагӕй фылдӕр. 9 Майы бӕрӕгбоны фӕзтӕм ракӕндзысты ӕфсӕддон техникӕйы 800 иуӕгӕй фылдӕр (уыимӕ, се ‘хсӕн уыдзӕн Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты азты техникӕ дӕр). Иннӕ азтӕй хъауджыдӕр, ацы аз ӕфсӕддон парадты архайдзӕн уӕлдӕфон техникӕ дӕр.

Бӕрӕгбоны мадзӕлтты фӕткмӕ гӕсгӕ ӕфсӕддон парад арӕзт ӕрцӕудзӕн Дзӕуджыхъӕуы дӕр.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here