Ӕргомӕй — вазыгджын хъуыддӕгтыл

0
447

Ивгъуыд азы дӕргъы нӕ республикӕйы Хицауады уӕнгтӕ, министрадты ӕмӕ ведомствӕты разамонджытӕ ӕмбӕлдысты дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты кусджытимӕ. Ныхас-иу рауад РЦИ-Аланийы рӕзты нысантыл, экономикон бӕрӕггӕнӕнтыл, лыггӕнинаг фарстытыл. Кӕронбӕттӕн хатдзӕгтӕ скӕныны тыххӕй РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав фембӕлд республикон газетты, журналты, электронон дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты сӕйраг редактортимӕ.

Фыццагдӕр уал республикӕйы разамонӕг раарфӕ кодта журналисттӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны фӕдыл: «Зонын ӕй, афӕдзы дӕргъы ӕмбӕлдыстут нӕ республикӕйы министрадты ӕмӕ ведомствӕты разамонджытимӕ. Ныртӕккӕ та ахӕм фембӕлдтытӕ арӕзт цӕуы муниципалон скондты разамонджытимӕ. Афтӕмӕй районты, хицаудзинады оргӕнты разамонджытӕ ӕмӕ нӕ республикӕйы цӕрджыты ‘хсӕн бастдзинад кӕны фидардӕр. Ахӕм хуызы ӕз дӕр ӕмбӕлын хъӕуты, горӕтты цӕрджытимӕ. Сымахӕн бузныг зӕгъын, ахӕм ныхасы рӕстӕг мӕ фарсмӕ кӕй вӕййут, адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныны тыххӕй мӕ фӕндтӕ ӕмӕ нысантӕ адӕмы размӕ кӕй хӕссут, уый тыххӕй. Ивгъуыд азӕй фӕстӕмӕ райдыдтам ӕмбырдтӕ кӕнын, ахӕм хуызы ныхас мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Цы фарстытыл дзы фӕдзурӕм, уыдон хицаудзинады оргӕнты куыстӕн, республикӕйы рӕзты хъуыддагӕн сты хорз ахъаз.

Ныртӕккӕ республикӕ цы бирӕ хъуыддӕгтыл кусы, уыдон дӕр нӕ адӕмӕн уӕ фӕрцы сты зонгӕ. Ныридӕгӕн цӕуыл бакуыстам, уыцы фарстытӕ дӕр чысыл не сты. Уӕлдайдӕр та социалон объектты арӕзтад. Куыд зонут, афтӕмӕй бындур ӕвӕрд ӕрцыд Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕздӕджы ‘хсӕн фӕндаджы арӕзтадӕн. Уый у историон цау, нырмӕ Мӕздӕгмӕ комкоммӕ фӕндаг нӕ уыдис. Уыцы проект та бантыст бӕстӕйы Президент Владимир Путины комкоммӕ ӕххуысӕй. Бузныг уый тыххӕй федералон центрӕн. Стыр ӕргом аздӕхтат, не ‘рвылазон Ныстуанмӕ, уым бӕрӕггонд ӕрцыдысты нӕ цардархайды сӕйрагдӕр нысантӕ. Фӕнды мӕ, цӕмӕй фидӕны дӕр кусӕм иумӕ нӕ адӕмы хорздзинадӕн.

Ныртӕккӕ та ралӕууыд рӕстӕг, хъуамӕ нӕ куысты тыххӕй дзуапп радтон бӕстӕйы Президент ӕмӕ Хицауады раз.

Фӕнды мӕ, цӕмӕй фылдӕр дзурӕм, нӕ республикӕйы рӕзтыл чи архайы, нӕ уыцы ӕмзӕххонтӕ Гергиты Валерийы, Цӕлыккаты Русланы, амалхъомтӕ Гуыриаты Владимиры, Къациты Сергейы тыххӕй.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй бюджеты кусджыты, уыимӕ, журналистты, дохтырты мыздтӕ сты чысыл. Фӕлӕ мах чи ахуыр кӕны, царды раст фӕндагыл нӕ чи аразы, уый у ахуыргӕнӕг. Нӕ сӕйраг хӕс у бюджеты фӕрӕзтӕ бавӕрын, цӕмӕй сӕ мызд фӕфылдӕр уа. Уый тыххӕй сын ацы аз республикӕйы бюджетӕй радих кӕндзыстӕм 300 милуан сомы. Нӕ республикӕйы цӕрджыты ӕфтиӕгтӕ цӕмӕй фӕфылдӕр уой, уый у нӕ хынцинаг фарстытӕн сӕ сӕйрагдӕр. Нӕ адӕмӕн бинонтӕ дарынӕн фадат цӕмӕй уа, ууыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм кӕддӕриддӕр.

Уыцы разныхасы фӕстӕ пресс-конференцийы архайджытӕ радтой сӕ фарстытӕ.

Газет «Северная Осетия»-йы сӕйраг редактор Битарты Маринӕ: «Арӕх ныхас цӕуы оптимизацийы тыххӕй. Фӕлӕ, иудадзыгдӕр нӕ газеткӕсджыты тыхсын кӕны медицинон тагъд ӕххуысы машинӕты фарста. Сӕйрагдӕр та, нӕ республикӕйы хъӕуты цӕрджытӕ, горӕты уылты тагъд ӕххуысы машинӕмӕ кӕй фӕдзурынц, уый.

— Фарон иумӕйаг диспетчерон службӕтӕ кӕй сарӕзтам, ацы фарста, уыимӕ баст у. Уыцы службӕйӕн йӕ номыртӕ сты «112». Афтӕмӕй медицинон ӕххуысы хуызӕн сарӕзтам иумӕйаг системӕ. Фӕлӕ кӕд сӕ куысты уыцы хуыз адӕмы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, уӕд ӕз дӕн ахӕм оптимизацийы ныхмӕ. Мӕнмӕ гӕсгӕ, оптимизаци хъуамӕ уа нӕ граждӕнты удӕнцойдзинадӕн. Фӕлӕ ацы фарстыл ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад фаг нӕ бакуыста. Абон ӕппӕт тагъд ӕххуысы машинӕтӕ ифтонг сты сӕрмагонд системӕ — «Глонасс»-ӕй. Уый фӕрцы та тагъд ӕххуысы машинӕтӕ рынчынтӕм рӕвдздӕр бахӕццӕ вӕййынц.

Газет «Рӕстдзинад»-ы сӕйраг редактор Хозиты Барис: «Зындгонд куыд у, афтӕмӕй нӕ бӕстӕйы ӕмӕ нӕ республикӕйы демографион фарста у ахсджиаг. Национ проекттӕм гӕсгӕ дӕр ацы фарстайыл куыст цӕуы».

— Ацы фарстмӕ куыд хуыздӕр ӕркӕсӕм, уый тыххӕй фӕрсын хистӕрты дӕр. Адӕм се ‘ппӕт хъӕздыг куы цӕрой, уӕд нӕ демографи дӕр фӕнывыл уыдзӕн, чи зӕгъы, уый рӕдийы. Бирӕ сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыдонмӕ ӕхсӕнад ӕмӕ Хицауад хъуамӕ ӕххуысы цӕстӕй кӕса, уӕд уавӕр уыдзӕн нывыл. Уыимӕ ма нӕ бацархайын хъӕуы, цӕмӕй фӕлтӕртӕ ма ферох кӕной сӕ мадӕлон ӕвзаг, цӕмӕй се ‘хсӕн хъуыса ӕмӕ рӕза, ууыл. Фӕсивӕд хъуамӕ дӕнцӕг исой, бирӕ сывӕллӕттӕ цы хӕдзӕртты ис, уыдонӕй. Мӕнмӕ, цыппар-фондз сывӕллоны кӕмӕн ис, уыцы ныййарджытӕ куы ӕрбацӕуынц, уӕд сын ӕз фӕзӕгъын бузныг. Зын социалон уавӕры цы бирӕсывӕллонджын бинонтӕ бахаудтой, уыдонмӕ дӕр дардзыстӕм нӕ цӕст ӕмӕ сын ӕххуыс кӕндзыстӕм.

Национ телеуынынад «Осетия-Ирыстон»-ы директор Гуыдиаты Тимур: «Хицаудзинады оргӕнты размӕ ӕвӕрыс ӕргомӕй кусыны хӕс. Ӕмӕ сӕ архайдӕн, стӕй алыхуызы ведомствӕты куыстӕн цавӕр аргъ скӕндзынӕ?»

— Хицаудзинады оргӕнтӕн ӕй арӕх фӕзӕгъын. Адӕм равзарынц сӕхицӕн разамынд, фӕлӕ сӕ хатт ферох вӕййынц сӕ хӕстӕ. Уый тынгдӕр хауы хъӕуты бынӕттон хиуынаффӕйады администрациты разамындмӕ. Адӕймаг сӕм ӕххуысагуыр куы бацӕуы, уӕд сӕ дуӕрттӕ хъуамӕ уой гом ӕмӕ хынцой адӕмы лыггӕнинаг фарстытӕ. Хъӕуты разамонджытӕн ӕз фӕзӕгъын, уӕ алкӕмӕ дӕр ис мӕ телефоны номыртӕ, ӕмӕ мӕм дзурут адӕмы тыхстаг хъуыддӕгты тыххӕй. Дыккаг хатт ахӕм ӕмбырды куы сӕмбӕлӕм, уӕд ведомствӕты разамындӕй хъуамӕ адӕмимӕ иумӕ бацагурӕм бӕлвырд дзуапп.

Ныртӕккӕ та кусӕм нӕ республикӕйы алы цӕрӕджы хи ӕфтиӕгтӕ фӕфылдӕр кӕныныл. Ахӕм хуызы уал нӕ цӕст дарӕм Раздзоджы хъӕуы цӕрджытӕм, бацӕттӕ кодтам сӕрмагонд программӕ.

РЦИ-Аланийы Журналистты цӕдисы сӕрдар, ПТРК «Алани»-йы директор Хъуысаты Тимур: «Мах, Хуссар Ирыстоны журналисттимӕ дзырдтам, ома, Хуссар Ирыстоны ис мыхуыры национ бӕрӕгбон (23 июлы йӕ фӕбӕрӕг кӕнынц, фыццаг ирон газет рухс уӕд федта), Цӕгат Ирыстоны бӕрӕг кӕнӕм Уӕрӕсейы Мыхуыры бон. Фӕлӕ хуыздӕр нӕ уаид ам, Цӕгаты дӕр, уыцы бӕрӕгбон снысан кӕнын ӕмӕ йӕ нӕ хуссайраг ӕфсымӕртимӕ иумӕ бӕрӕг кӕнын. Ӕмӕ ма иу хъуыддаг: ис нӕм муниципалон ӕмӕ районты газетты разамындӕй куырдиат, цӕмӕй газетты сӕйраг редактортӕ, сӕ хӕдивджытӕ нымад ӕрцӕуой паддзахадон службӕгӕнджытыл. Хорз нӕ уаид, ацы фарст нӕ паддзахады разамонӕджы раз ӕрӕвӕрын?»

— Нӕ республикӕйы Журналистты цӕдисы разамынд нын нӕ размӕ цы фӕндӕттӕ ӕвӕры, уыдон сты царды рауадзинаг. Афтӕ, «РЦИ-Аланийы сгуыхт журналист»-ы кадджын ном снысан кӕныны тыххӕй дӕр сӕрмагонд уынаффӕ рахастам ӕмӕ йӕ царды рауагътам. Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны — Национ мыхуыры бон иумӕйагӕй бӕрӕг кӕнын, уый раппӕлинаг хъуыддаг у, ӕмӕ уӕ ме ‘ххуыс кӕм хъӕуа, уым уӕ фарсмӕ балӕудзынӕн.

Республикон, муниципалон газетты сӕйраг редакторты, сӕ хӕдивджыты, бӕрнон секретарты паддзахадон службӕгӕнджытыл банымайыны фарстыл дӕр кусынц федералон хицаудзинады оргӕнты ӕмвӕзадыл. Кӕд хъӕуа, уӕд уый тыххӕй сӕрмагонд закъоны проектыл йӕ бон бакусын уаид РЦИ-Аланийы Парламентӕн. Фӕлӕ ныртӕккӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ацы фарста, федералон уагыл куыд алыг кӕндзысты, уымӕ.

Республикон информацион портал «15-ӕм регион»-ы директор Мӕхъиты Чермен: » Республикӕмӕ инвесторты ӕргом раздахыныл куыст куыд цӕуы, стӕй 2020 азы ацы фарстыл куыд кусдзыстут?»

— Федералон инвестицитӕй спайда кодтам социалон къабазы рӕзты. Ныхас кӕнӕм уӕлӕмхасӕн куысты бынӕттӕ саразыныл дӕр. Ацы фарста боны фӕткы ис иудадзыгдӕр, пайда у нӕ бюджетӕн, ӕмӕ адӕмы цардыуаджы рӕзтӕн. Уыцы хъуыддаджы нын Къациты Сергей ӕмӕ Гуыриаты Владимир хорз ӕххуыс кӕнынц. Хорз рауадысты сӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ завод «Арвӕрдын»-ӕн. Цы лыггӕнинаг фарстытӕ сӕм уыд, уыдон алыг кодтам Цӕлыккаты Русланы ӕххуысӕй. Ныр завод йӕ куыстады гӕнӕнтӕ фӕхуыздӕр ӕмӕ фӕхъомысджындӕр кодта. Ацы хъуыддаджы цы фарстытӕ ис, уыдон, канд мах республикӕмӕ нӕ хауынц, фӕлӕ Цӕгат Кавказы иннӕ республикӕтӕм дӕр. Ӕрӕджы ам уыдис УФ-йы хъӕууон хӕдзарады министр. Йемӕ уыдыстӕм «Хъазахъхъаг хутор»-ы дыргъдӕтты. Ам федтам, инвестициты фӕрцы дыргъгуыст кӕнынӕн дзы цы фадӕттӕ ис, уый. Рӕхджы кусын райдайдзӕн хъӕдгуыстгӕнӕн завод. Дарддӕр бавналдзыстӕм арӕзтадон ӕрмӕгуадзӕн заводы куыстад сног кӕнынмӕ дӕр…

Дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕрттӕ нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕгмӕ ма цы фарстытӕ лӕвӕрдтой, уыдон баст уыдысты Дзӕуджыхъӕуы фӕлгонцадимӕ, скъолаты мадӕлон ӕвзаг амонынимӕ, Уӕлахизы 75 азы юбилей ӕмӕ ӕндӕр вазыгджын хъуыддӕгтимӕ. Ӕппӕт ацы фарстытӕн Битарты Вячеслав радта бӕстон дзуаппытӕ.

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here