Этнолагер байгом уыдзӕн

0
560

Республикӕйы Фӕсивӕдон политикӕйы, спорт ӕмӕ туризмы комитет хуссарирыстойнаг фӕсивӕдӕн фадӕттӕ сараздзӕн сӕ рӕстӕг этнографион лагеры ӕрвитынӕн.

— Дыккаг аз кӕй аразӕм, уыцы этнолагеры фӕллад суадзыны фадат уыдзӕн фаронӕй фылдӕр фӕсивӕдӕн. Ацы мадзӕлттӕ нӕ адӕмӕн сты тынг ахсджиаг. Этнолагер сарӕзтам рӕзгӕ фӕлтӕры удварнон хъомылады нысанмӕ арӕзт паддзахадон комплексон программӕмӕ гӕсгӕ. Фӕрӕзтӕ нӕм уыд ӕрмӕст иу рады фаг. Цӕмӕй нын скъола-интернаты бӕстыхай радтой, ууыл архайдтам дӕргъвӕтин рӕстӕг.

Афӕдзы дӕргъы фӕсивӕд сӕхи кӕм ирхӕфсой, ахӕм стационарон лагер нӕм кӕй нӕй, уый у нӕ комитеты сӕйраг лыггӕнинаг фарстытӕй иу. Ацы аз этнолагеры фӕллад суадзыны фадат уыдзӕн фаронӕй дыууӕ хатты фылдӕр фӕсивӕдӕн, — зӕгъы фӕсивӕдон комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гатыгкоты Валентинӕ.

Этнолагеры сӕйраг хӕс у нӕ рагфыдӕлты историон ӕмӕ культурон бынтӕм фӕсивӕды ӕргом аздахын, стӕй ирон адӕмы рагон цардыуаг ӕмӕ ӕгъдӕуттимӕ рӕзгӕ фӕлтӕры базонгӕ кӕнын.

Фарон Дзауы районы цы этнолагер байгом, уым сӕ фӕллад суагътой 50 адӕймаджы. Ӕрыгон лагердзаутӕн сарӕзтой мидисджын программӕ. Фӕлладуадзджытӕн уыд алыхуызон дӕсныйад ӕвдисӕг ахуыртӕ ӕмӕ экскурситы архайыны, стӕй мидисджын лекцитӕм байхъусыны фадат.

(Информацион агентад «Рес»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here