Гранит къӕйтӕй ӕрӕмбӕрздзысты Сӕрибары фӕз

0
437

Цӕгат Ирыстоны дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты разамонджытимӕ хъуыддаджы фембӕлды рӕстӕг республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы 75 азы бонмӕ Дзӕуджыхъӕуы Сабырдзинады проспект Горькийы уынджы онг ӕрӕмбӕрздзысты гранит къӕйтӕй.

— Уӕлахизы парад дӕрӕнгонд нӕ, фӕлӕ аив, гранитӕй ӕмбӕрзт фӕзы цӕмӕй ацӕуа, уый мӕ фӕнды. Сабырдзинады проспект Горькийы уынджы онг гранит къӕйтӕй бамбӕрзыныл ӕмӕ коммуналон хызтӕ банывыл кӕныныл бацархайдзыстӕм. Трамвайы фӕндӕгтӕ ӕххӕстӕй баивтам. Ацы куыст Кировы уынджы онг ахӕццӕ кӕндзыстӕм. Амынд ран чи ис, уыцы донуадзӕн, канализацион ӕмӕ ӕндӕр хӕтӕлтӕ баивдзыстӕм. Бирӕ рӕтты дзы, телтӕ цӕмӕй ма зыной, уый тыххӕй ӕппӕт коммуникацитӕ баивинаг сты. Уӕлахизы бӕрӕгбонмӕ Хъесайы-фырты уынджы былгӕрон тӕлм дӕр банывыл кӕндзыстӕм. Куыстытӕ бакӕнынӕн фӕрӕзтӕ ссардтам. Уӕлахизы юбилейы кадӕн дзыллон мадзӕлттӕ кӕм цӕудзысты, Терчы уыцы былгӕрон тӕлм саив кӕндзыстӕм, — загъта республикӕйы Сӕргълӕууӕг.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here