Ирон богӕлттӕм — сыгъзӕрин ӕмӕ бронзӕ майдантӕ

0
249

Новосибирскы ивгъуыд хуыцаубоны ахицӕн Уӕрӕсейы чемпионат грекъаг-ромаг хъӕбысхӕстӕй.

Ирыстойнаг богӕлттӕн ацы хатт сӕ балц ӕнтыстджын нӕ рауад. Ирыстоны номӕй ерысты цы лӕппутӕ архайдтой, уыдонӕй хӕрзиуӕгӕй хорзӕхджын ссис ӕрмӕстдӕр Джиоты Дмитри, Хӕтӕгты Аслан ӕмӕ Фӕрниаты Сосланы хъомылгӕнинаг ерыс кодта 82 кг онг уӕзы. Джиойы-фырт рамбылдта цыппар ныхмӕлӕууӕгӕй, фӕлӕ ерысты 1/4 хайы фидӕны чемпион Шамиль Ожаевӕн кӕй фӕхӕрд, уый аххосӕй ма йын фадат уыди ӕрмӕстдӕр 3-аг бынатыл тох кӕнынӕн. Дмитри цӕмӕй уыцы бынат бацахса, уый тыххӕй йӕ фӕуӕлахиз уӕвын хъуыди Адлан Акиевыл ӕмӕ уый йӕ къухы бафтыд. Дмитри Адлан Акиевыл фӕуӕлахиз 7:0 хыгъдӕй ӕмӕ хорзӕхджын ӕрцыдис бронзӕ майданӕй.

Бронзӕ майдан рамбулыны фадат уыди Цӕмӕхъуаты Нарты хъомылгӕнинаг Тыбылты Георгийӕн, фӕлӕ Родион Саматовӕн кӕй фӕхӕрд, уый аххосӕй ӕрлӕууыд 5-ӕм бынаты 60 кг онг уӕзы.

Ирон богӕлттӕй сыгъзӕрин майданӕй фӕхорзӕхджын Хъӕбӕлоты Витали. 55 кг онг уӕзы Хъӕбӕлойы-фырт Уӕрӕсейы чемпионы ном рамбылдта ӕртыккаг хатт.

Ацы хатт нӕ фӕрӕстмӕ йӕ хистӕр ӕфсымӕр Зауыры архайд. Ӕрдӕгкӕронбӕттӕны кӕй фӕцӕф, уый аххосӕй Зауыр (67 кг онг уӕзы) ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй баззад. Хъӕбӕлоты ӕфсымӕртӕ дыууӕйӕ дӕр ерысты архайынц Кӕсӕг-Балхъары ӕмӕ Мордовийы республикӕты номӕй.

Новосибирскы Уӕрӕсейы 2020 азы чемпионтӕ систы: 55 кг — Хъӕбӕлоты Витали (КБР+Мордови), 60 кг — Жамболат Локьяев (КБР+Мордови), 63 кг — Ибрагим Лабазанов (Бетъырбух), 67 кг — Назир Абдулаев (Мӕскуы), 72 кг — Адам Курак (Красноярск), 77 кг — Александр Чехиркин (Ростов), 82 кг — Шамиль Ожаев (Новосибирск), 87 кг — Давид Чакветадзе (Мӕскуы+ЯНАО), 97 кг — Александр Головин (Краснодар+Мӕскуы), 130 кг — Сергей Семенов (Краснодар+Мӕскуы).

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here