Инвестицион проекттӕ. Субсидитӕ — транспортӕн. Цӕрӕнуӕттӕ

0
386

«Куыд зонут, афтӕмӕй ӕппӕт ведомствӕты, районты скодтам сӕрмагонд къамистӕ, уыдон ӕвзарынц паддзахадон программӕты архайыны аккаг инвестицион проекттӕ. Хъуамӕ сӕм лӕмбынӕг кӕсӕм, проекттӕ та хъуамӕ уой ерысхъом, царды сӕ рауадзыны фӕстӕ та фӕзыной ног куысты бынӕттӕ. Уӕдӕ, ӕфтиӕгты фарст дӕр уыдонимӕ баст у», — знон РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз ӕмбырд амонгӕйӕ, йӕ хъуыдытӕ загъта хуыздӕр инвестицион проектты номхыгъд сфидар ӕмӕ сын паддзахадон ӕххуыс кӕныны фӕдыл.

Ацы ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг документтыл ӕрныхас кодта экономикон рӕзты министры хӕдивӕг Дзоблаты Зураб. Арӕзтад ӕмӕ архитектурӕйы министр Тотыккаты Артур ӕмбырды архайджытӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй сӕ ведомствӕмӕ ӕрхастӕуыд аипдзинӕдтӕ ӕнӕкоммерцион организацитӕн субсидитӕ дих кӕныны уагӕвӕрды тыххӕй. «Ныр сӕ аиуварс кодтам, ӕмӕ хи ӕхца бавӕргӕйӕ, фатеры арӕзтады чи балӕууыд, уыцы граждӕнты бартӕ хъахъхъӕнӕг фондӕн — ӕнӕкоммерцион организацийӕн ӕмбӕлгӕ бюджетон фӕрӕзтӕ дихгонд цӕудзӕн», — бафиппайдта министр.

Иумӕйагахуырадон организациты, профтехучилищӕты, уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты ахуырдзаутӕ ӕмӕ студенттӕн ӕфсӕнвӕндаджы транспортыл фӕндаггаджы аргъ фӕкъаддӕр кӕныны тыххӕй раныхас кодта промышленност ӕмӕ транспорты министр Хайдарбек Бутов. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, ныртӕккӕ Елхот ӕмӕ Беслӕнӕй ӕфсӕнвӕндаджы транспортӕй ахуырмӕ Дзӕуджыхъӕумӕ чи цӕуы, уыдон студентты ӕвдисӕндартӕ, кӕнӕ скъолатӕй ист документтӕ равдисгӕйӕ, фӕндаггаг фиддзысты къаддӕр. Уый ныхмӕ хъуамӕ бюджет радих кӕна ӕхца, Елхотӕй фӕндаггаг уыдзӕн 34 сомӕй чысыл фылдӕр, Беслӕнӕй та — 13 сомӕй чысыл фылдӕр.

Уымӕй дарддӕр республикон бюджет субсидитӕ радих кӕндзӕн бӕлццӕтты уӕлдӕфон транспорты ласыны тыххӕй. Ахӕм ӕххуыс хауы Сочийӕ Дзӕуджыхъӕумӕ ӕмӕ Ростовӕй Дзӕуджыхъӕумӕ уӕлдӕфон маршруттӕм. Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Фадзайты ӕхсарбег ӕрныхас кодта ахсджиаг хъуыддагыл, республикӕйы коммуналон комплексы куыстуӕтты архайд банывыл кӕнынӕн хъуамӕ саразой ведомствӕты минӕвӕрттӕй къамис. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтӕмӕй ахӕм къамистӕ иу ӕмӕ дыууӕ не ‘рцыд конд, сӕйрагдӕр у сӕ ахадгӕ куыст. «Куыд зонӕм, афтӕмӕй коммуналон комплексы куыстуӕттӕн сӕ фиддонты фӕтк у нывылгӕнинаг, ӕппындӕр ӕй афойнадыл не ‘ххӕст кӕнынц. Нӕ республикӕ бындурон цалцӕджы, ӕндӕр ахсджиаг нысангонд бӕрӕггӕнӕнтыл не ‘ххӕссы», — загъта Хицауады Сӕрдар.

Куыд ма бацамыдта, афтӕмӕй коммуналон хӕдзарадимӕ, йе ‘ппӕт дӕлхайӕдты куыстимӕ баст сты цӕрджыты ӕрвылбоны фӕрныгады хъуыддӕгтӕ. «Хъуамӕ ведомствӕты сӕрмагонд къамис равзара инфраструктурӕйы уавӕр, йӕ авналӕнтӕ, йӕ хъомыс, ныртӕккӕ цы паддзахадон программӕтӕ ис, уыдонӕй нӕ бон цы ран у спайда кӕнын, ӕндӕр ахсджиаг фӕзилӕнтӕ ӕмӕ уӕд рахизӕн ис къабазы ахадгӕ архайдмӕ. Къухы та бафтдзӕн иумӕйаг бавнӕлды фӕрцы», — бафӕдзӕхста Тускъаты Таймураз.

Цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министр Таматы Майрӕн рӕгъмӕ рахаста «РЦИ-Аланийы 2018-2024 азты нырыккон горӕтаг алфамбылай фидар кӕныны паддзахадон программӕмӕ» ивддзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл документ. Министр радзырдта, ацы аз уыцы хъуыддагыл куыд кусдзысты, уый тыххӕй, йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ йын дихгонд ӕрцӕудзӕн 210 милуан сомы. Иннӕ ахсджиг нысан — кӕлӕддзаг хӕдзӕрттӕй адӕмы ног фатертӕм раивыны программӕ царды рауадзынӕн ӕхца радих кӕнын.

Сӕ иу хай ратдзӕн Цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарад бындуронӕй рацаразынӕн ахъазгӕнӕг фонд, иннӕ хай — республикон бюджет. Иумӕйагӕй — 73 милуан сомы бӕрц. Программӕ ӕххӕстгонд цӕудзӕн Рахизфарсы ӕмӕ Дыгуры районты. Ӕмбырды ма равзӕрстой ӕндӕр ахсджиаг фарстытӕ, фӕнысан кодтой хӕстӕгдӕр рӕстӕгмӕ бакӕнинаг хъуыддӕгтӕ.

Бутаты Эльзӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here