Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн фембӕлд уыд Дзӕуджыхъӕуы гарнизоны (Хуссайраг ӕфсӕддон зылды 319-ӕм ӕфсӕддон прокуратурӕйы разамонӕг) ӕфсӕддон прокурор Сулейман Сулеймановимӕ.
Булкъон Сулейман Сулейманов ацы бӕрнон бынатмӕ ӕрӕджы нысангонд ӕрцыд. Уый тыххӕй йын Битарты Вячеслав арфӕ ракодта, ӕмӕ куыд загъта, афтӕмӕй ног ӕфсӕддон прокурорӕн йӕ зӕрдӕ зӕгъы ӕнтыстджын архайд бӕстӕйы сӕраппонд ӕмӕ ӕхсӕнады пайдайӕн.
Дарддӕр фембӕлды архайджытӕ ӕрдзырдтой ӕмархайды фарстытыл.
Сулейман Сулейманов куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй цӕттӕ у Цӕгат Ирыстоны разамындимӕ ӕппӕтвӕрсыг ӕмгуыстадмӕ.
Уый тыххӕй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ.
Нӕ уацхӕссӕг













