Ӕвзонг шахматисттӕ фесгуыхтысты фестивалы

0
541

Краснодары крайы, фӕрсаг хъӕу Небуджы 8-16 январы цыдысты ӕппӕтуӕрӕсеон шахмӕтты фестивалы ерыстӕ скъоладзауты ‘хсӕн.

Фестивал аразӕг уыдысты: скъоладзауты дунеон иугонд, шахмӕтты академи «Каисса», Курортон комплекс «Ямалы арвӕрттывд» ӕмӕ Краснодары крайы шахмӕтты федераци. Ерысты директор уыди, зындгонд шахмӕтты ФИДЕ-йы мастер Светланӕ Мустафина, фестивал саразджыты сӕргълӕууӕг та Уӕрӕсейы скъоладзауты шахмӕтон иугонды президент Александр Костьев.

Фестивал аразджытӕ хорз бацархайдтой ӕвзонг шахмӕтисттӕн ӕппӕт уавӕртӕ дӕр саразыныл. Ерыстӕ цыдысты фондз кары скъоладзауты ‘хсӕн.

Ӕдӕппӕтӕй Небуджы сӕ дӕсныдзинад ӕвдыстой 150 ӕрыгон шахматисты. Уыдоны ‘хсӕн уыдысты ирыстойнаг скъоладзаутӕ: Баситы Георги ӕмӕ Ӕгкацаты ӕртӕ Ӕфсымӕры Артур, Феликс ӕмӕ Альберт.

Фестивалы бӕрӕггонд цыдысты, скъоладзауты ‘хсӕн Европӕйы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстӕм балцӕгтӕ чи райсдзӕн, уыцы шахматистты нӕмттӕ. Ерыстӕ цӕудзысты грекъаг сакъадах Криты 2-12 апрелы.

Нӕ лӕппутӕ шахмӕтты фестивалы сӕхи равдыстой тынг хъомысджынӕй. Уӕлдай ӕнтыстджындӕр нӕ ӕвзонг шахмӕтисттӕ цыдысты 11-аздзыд скъоладзауты ерысы.

Ацы ран фыццаг бынатыл чи тох кодта, уыдоны ‘хсӕн фесгуыхтысты Баситы Георги ӕмӕ Ӕгкацаты Альберт. Сӕ дыууӕ дӕр суанг фӕстаг (фарӕстӕм) фембӕлды онг цыдысты разӕй, ӕмӕ ӕппынфӕстаг бацахстой 1-аг ӕмӕ 2-аг бынӕттӕ.

Фыццаг бынат бацахсӕг Баситы Георги, ныр йӕхи цӕттӕ кӕндзӕн Европӕйы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстӕм.

Тынг сӕрӕн хъазт кодта 7-аздзыд шахмӕтистты ерысты ӕгкацаты Артур дӕр. Суанг фӕстаг фембӕлды онг Артур цыди фыццаг бынаты, фӕлӕ 9-ӕм туры ӕнӕнхъӕлӕджы рӕдыд ӕруагъта, ӕмӕ кӕй фӕхӕрд, уымӕй спайда кодта челябинскаг лӕппу Никитӕ Дроздов. Афтӕмӕй Ӕгкацаты Артур бацахста 2-аг бынат, Никитӕ Дроздов та рацыд 1-аг бынатмӕ.

Ӕнӕмӕнг, нӕ лӕппутӕ иу сыгъзӕрин ӕмӕ дыууӕ ӕвзист майданы кӕй рамбылдтой, уый у тынг хорз бӕрӕггӕнӕн ӕмӕ дзурӕг у, шахмӕттӕй нӕм стыр курдиатджын кӕстӕртӕ кӕй рӕзы, ууыл. Ацы хъуыддаджы арфӕйы аккаг сты нӕ ӕвзонг шахмӕтистты ахуыргӕнджытӕ: Сергей Чернушкин, Тигран Назаретян, Сергей Мкртчян ӕмӕ сӕ иннӕ ӕмгуыстгӕнджытӕ. Уыдон кодтой ӕмӕ кӕнынц тынг хъӕугӕ ӕмӕ арфӕйаг куыст.

Сӕ хъомылгӕнинӕгтимӕ сын бантысӕд дунеон шахмӕтты стырдӕр бӕрзӕндтӕм схизын!

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here