Хӕтӕлдойнаг лӕппутӕ

0
310

Ацы къам ист у 1940 азы Алагиры. Астӕуӕй бады Къаболаты Солтан, дамбаца йӕ къухы. Гутнаты Газакк, йӕ цонг Солтаны уӕхскыл ӕвӕрд, иннӕ та у Басаты Бодти.

Абоны хуызӕн сӕ хъуыды кӕнын, Хӕтӕлдоны сыхӕгтӕй цардыстӕм. Гуыргӕ Куырттаты комы ракодтой: Солтан — Гулийы, Бодти — Цымытийы, Газакк та — Дзывгъисы. Революци куы фӕуӕлахиз 1917 азы, уӕд Хӕтӕлдоны ӕрцардысты. 1941 азы кӕрӕдзи фӕдыл ацыдысты хӕцӕг ӕфсадмӕ.

Бодти афӕдз фӕхӕцыди, стӕй йӕ дохтырты амындӕй рауӕгъд кодтой. Йӕ бинойнаг Симкӕимӕ схъомыл кодтой цыппар лӕппуйы ӕмӕ иу чызг. Зӕнӕджы хистӕр Бексолтан (Тунту) у мӕ карӕн. Бирӕ азты фӕкуыста фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады бӕрнон бынӕтты. Къорд азы та бакуыста Пакистаны нӕ минӕварады. Сси инӕлар-лейтенант. Отставкӕйы рацыд ӕмӕ цӕры йӕ бинонтимӕ Мӕскуыйы.

Солтан Харьковы фронты уацары бахауд ӕмӕ хӕсты кӕронмӕ лагеры хъизӕмар кодта. Ӕрцыд нӕхимӕ, ӕмӕ та Хӕтӕлдоны колхозы хъазуатонӕй куыста. Йӕ бинойнаг Куыцонимӕ схъомыл кодтой ӕртӕ хорз хъӕбулы. Газакк куыста хъӕусоветы сӕрдартӕй Хӕтӕлдоны. 1932 азы каст фӕци цыппармӕйон курсытӕ. Совнаркомы сӕрдар уӕвгӕйӕ, Хъулаты Хъуыбады уыд сӕ директор. Ахуыр куы фесты, уӕд ӕй Хъуыбады ӕхсӕвы сӕхимӕ акодта.

Дӕсны кусӕг уыдис ӕмӕ йӕ аивтой Алагирмӕ. Куыста МТС-ы замполитӕй, стӕй йӕ снысан кодтой милицӕйы хицауы хӕдивӕгӕй. Уыдис ӕвидигӕ цӕстуарзон, хӕларзӕрдӕ. Афтӕ рӕсугъд фыста, ӕмӕ ма абон дӕр, мӕ цӕстытыл уайынц йӕ рӕнхъытӕ. Раст сӕ, цыма нывгӕнӕг сныв кодта, афтӕ рӕсугъд уыдысты йӕ дамгъӕтӕ. 1941 азы йӕ Хъулаты Хъуыбады ӕрвыста Мӕскуымӕ сырх профессурӕйы, зӕгъгӕ, уыцы институтмӕ. Уым хъуамӕ ахуыр кодтаид. Йӕ гӕхӕттытӕ йын сцӕттӕ кодта Хъуыбады.

Газакк ӕвастӕй бацыд ӕфсӕддон комиссарадмӕ, ӕмӕ йӕхи барвӕндонӕй акӕнын кодта хӕцӕг ӕфсадмӕ 1941 азы 11 сентябры. Хӕцыди Хъырымы фронты. Сси батальоны политрук.

1942 азы Керчы бынмӕ хӕстыты бирӕйӕ бахаудтой уацары. Нымудзӕг ӕй фӕци, сыгъдӕгзӕрдӕ коммунист у, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ӕрцауыгътой иннӕты цур. Уырдыгӕй чи раирвӕзт, ахӕм ирон лӕг радзырдта хабар. Йӕ бинойнаг Хъариаты Зӕлинӕ схъомыл кодта йӕ дыууӕ хъӕбулы Хъазыбег ӕмӕ Эльбрусы. Хъазыбег 1939 азы гуырд. Дохтырӕй фӕкуыста пенсимӕ рацӕуыны онг. Ис ын хорз бинонтӕ. Йӕ фырт ӕмӕ чызг сты раст фӕндагыл лӕуд. Эльбрусӕн дӕр ис хорз сывӕллӕттӕ.

Кцойты Астемыр,

ӕхсӕнадон уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here