Куырттаты комы сывӕллӕтты фӕлладуадзӕн лагер «Металлург»-мӕ фӕзилӕны айнӕг къӕдзӕхы рӕбын сырӕзт “цыппарстъалыджын” уазӕгуаты авдуӕладзыгон бӕстыхай.
Уый арӕзт цӕуы ӕнӕххӕст бӕрнондзинады ӕхсӕнад «Арӕзтадон компани 59»-ӕм генералон директор Хӕдарцаты Игоры хъӕппӕрисӕй.
Ныртӕккӕ аразджытӕ цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ кӕнынц уӕладзгуыты. Арӕзтады прораб Бетрозты Марат нын куыд радзырдта, афтӕмӕй уазӕгуаты бӕстыхай арӕзт цыд фӕстаг фондз азы, ӕмӕ ӕппӕт рӕтты дӕр пайдагонд ӕрцыд нырыккон арӕзтадон ӕрмӕджытӕй.
Дарддӕр Бетрозы-фырт бафиппайдта, зӕгъгӕ, цыппарстъалыджын уазӕгуаты уыцы-иу рӕстӕг сӕ фӕллад уадздзысты 100 адӕймаджы. Ам уыдзӕн иу уаты дыууӕ бынаты, дыууӕ уаты — 4 бынаты, ӕртӕ уаты 6 бынаты кӕм уыдзӕн, ахӕм люкс-номыртӕ. Уымӕй уӕлдай уазӕгуаты сӕрмагонд уӕттӕ нысангонд цӕуы сывӕллӕттӕн ӕмӕ сӕ уӕнгтӕ сӕхи бар кӕмӕн не сты, ахӕм инвалидтӕн.
Ай-гъай, уазӕгуат чи аразы, уыдон ахъуыды кодтой фӕлладуадзджыты ӕнцойдзинадыл дӕр. Ам ис ресторан, конференц-зал, лоппи бар, массажгӕнӕн кабинет, хилдасӕн, тезгъогӕнӕн фӕндӕгтӕ, бассейн фӕлладуадзӕн уатимӕ, сывӕллӕтты спортивон зал, стӕй хӕххон лыжӕтыл бырӕн бынат канатон фӕндагимӕ.
Иу ныхасӕй, Куырттаты комы ӕмбисонды хӕххон ӕрдзы баулӕфын чи сфӕнд кӕна, уыдонӕн ӕппӕт фадӕттӕ дӕр арӕзт цӕудзысты цыппарстъалыджын уазӕгуаты. Прораб Бетрозты Марат куыд загъта, афтӕмӕй уый кусын райдайдзӕн апрелӕй фӕстӕмӕ. Ныр та уал ӕнӕххӕст бӕрнондзинады ӕхсӕнады разамынд цӕттӕгӕнӕн куыстытӕй уӕлдай агуры, фӕлладуадзджытӕн ӕмбӕлгӕ лӕггад чи кӕндзӕн, ахӕм хъӕппӕрисджын адӕмы.
Тохсырты Къоста
Къам систа Къӕбысты Харитон














