Сочийы ӕрвылазон инвестицион форуммӕ ацы хатт Цӕгат Ирыстон-Аланийы бавдисдзӕн 34 алыхуызон проекты.
Уый тыххӕй журналисттӕн фехъусын кодта республикӕйы экономикон рӕзты министры хӕдивӕг Дзоблаты Зураб.
«Форуммӕ цы каталог цӕттӕ кӕнӕм, уырдӕм бахастам 34 цымыдисаг инвестицион проекты. Уыдонӕй ахсджиагдӕр сты 8 проекты. Фӕстаг азты республикӕ туризмы къабазы райрӕзтмӕ зынгӕ фылдӕр ӕргом кӕй аздӕхта, уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, инвесторты ӕргом раздахдзыстӕм «Мамысон»-ы, «Аланыстоны парк» ӕмӕ ӕндӕр туристон-рекреацион проекттӕм. Уымӕй уӕлдай, форумы нӕ экспозицийы зынгӕ бынат бацахсдзысты бальнеологийы, хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ хомаг куыстгӕнӕг промышленносты къабӕзты райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг проекттӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, республикӕйы зӕххы фӕрӕзтӕ кадавар кӕй сты, уый махӕй домы, цӕмӕй агропромышленнон комплексы райрӕзты хъуыддаджы фыццаградон ӕргом здахӕм, бӕрзонд тыллӕг цы культурӕтӕ дӕттынц, уыдон садзынмӕ», — бафиппайдта Дзоблайы-фырт.
Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Сочийы инвестицион форумы ӕрвылаз дӕр фӕархайынц ӕппӕт уӕрӕсейаг регионтӕ ӕмӕ егъаудӕр компаниты минӕвӕрттӕ, инвестицион архайды раздзогтӕ, эксперттӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Форуммӕ саккаг кӕнынц фӕсарӕйнаг бӕстӕты делегацитӕ дӕр.
Ацы аз Сочийы инвестицион форум кусдзӕн 12-14 февралы.
Нӕ уацхӕссӕг













