Уӕрӕсейы Федерацийы Президент Владимир Путин Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокуроры бынатмӕ Игор Викторы фырт Красновы кӕй бавдыста, уый у хорз нысан. Ныхас ӕрмӕст ӕрыгон ӕмӕ зондджын специалистыл, прокуроры ӕмӕ слест кӕныны куысты дӕсныйадыл нӕ цӕуы, фӕлӕ уыцы адӕймаг у ног политикон формацийы минӕвар, уӕрӕх зондахастимӕ регионалон ӕмӕ центрон службӕйы ӕууӕлтӕ хорз чи зоны, ахӕм.
Уыцы адӕймаг зындгонд у канд юристтӕн, слестгӕнджытӕ ӕмӕ прокурортӕн нӕ, фӕлӕ ахуыргӕнджытӕн ӕмӕ психологтӕн дӕр. Игор Краснов бакуыста прокуратурӕ ӕмӕ слестгӕнӕн оргӕнты сӕ райдайӕнӕй ӕппӕт бынӕтты дӕр.
Фыдракӕндтӕ рагацау не ‘руадзыны тыххӕй Краснов тынг зӕрдиагӕй архайдта барадон хъахъхъӕнӕг оргӕнтӕ ӕмӕ ахуырадон уагдӕтты бастдзинад фӕхуыздӕр кӕныныл. Стыр ӕргом здахы, ахуыры зындзинӕдтӕ ӕвзарӕг сывӕллӕттӕй фыдракӕндты фӕндӕгтӕм чи бахауы, уыдонӕн психологон-педагогон ӕмӕ социалон ӕххуысмӕ.
Афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ, уыцы ахсджиаг паддзахадон куысты ӕрлӕугӕйӕ, кӕй бацархайдзӕн, цӕмӕй бӕстӕйы ахуырадон уагдӕтты ӕнӕмӕнг сног кӕной скъолаты психологтӕ ӕмӕ социалон кусджыты бынӕттӕ, уый та фадат ратдзӕн барадон хъомылады куыст фӕхуыздӕр ӕмӕ фӕтыхджындӕр кӕнынӕн.
Чеджемты Сергей,
педагогон наукӕты доктор, Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институты профессор














