РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймуразӕн уыдис фембӕлд, фӕсивӕдон форум «Машук»-ы йӕхи проекттӕ ӕмӕ йӕхи ног фӕндтӕ адӕмы рӕгъмӕ чи рахаста, уыцы ӕрыгон лӕппутӕ ӕмӕ чызджытимӕ.
Хицауады Сӕрдарӕн фӕсивӕдимӕ бацайдагъ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас. Фылдӕр уыдысты, ивгъуыд аз йӕ проектты фӕдыл паддзахадон гранттӕ чи рамбылдта, субсидитӕ, уыцы фӕсивӕд. Уыдон бӕлвырд радзырдтой се ‘нтыстдзинӕдты ӕмӕ сӕ ног проектты тыххӕй.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нырма сын ис, баххӕстгӕнинаг хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уыцы хабӕртты фӕдыл сӕ куырдиӕттӕ загътой Тускъаты Таймуразӕн.
2019 азы фӕсивӕдон форум «Машук»-ы архайдтой 9 мин адӕймаджы Уӕрӕсе, ӕмӕ хӕстӕгдӕр фӕсарӕйнаг бӕстӕтӕй. Цӕгатирыстойнаг фӕсивӕд архайдтой алыхуызон сфӕлдыстадон конкурсты ӕмӕ афӕдзы дӕргъы рамбылдтой паддзахадон гранттӕ, субсидитӕ 47 милуан сомы.
— Уӕ ӕнтыстдзинӕдтӕй нӕ зӕрдӕтӕ сты рухс, цы бирӕ фӕндтӕ уӕм ис, уыдон царды рауадзыныл архайут бӕрнонӕй, ӕмӕ уӕ сӕрыстыр стӕм. Мӕнӕн тынг ӕхсызгон у уӕ проектты ӕнтыстдзинӕдты фӕдыл ныхас кӕнын. Уымӕн ӕмӕ сымах стут нӕ республикӕйы фидӕн, нӕ социалон-экономикон рӕзт бӕрзонд ӕмвӕзадмӕ чи сисдзӕн, ахӕм фӕлтӕр. Ӕрыгон тыхтӕ ӕмӕ хъаруйӕн бирӕ ӕнтысы. Нӕ республикӕйы разамындмӕ бирӕ фӕндтӕ ис, сымахӕн куыд хуыздӕр гӕнӕнтӕй ӕххуыс кӕнынӕн, цӕмӕй уӕ размӕ ӕвӕрд нысантӕм фидар къахдзӕфтӕй цӕуат, — загъта Хицауады Сӕрдар фӕсивӕдӕн.
Ирыстойнаг проектты тематикӕ уыдис алыхуызон. Спортивон, экологон ӕмӕ националон куыстытӕ. Уымӕй уӕлдай, фӕсивӕды фӕнды ӕппӕт районты дӕр дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ саразын.
Ахсджиаг у нӕ республикӕйы центр «Быть добру» — уӕрӕхдӕр скӕнын ӕмӕ реабилитаци цӕуын кӕй хъӕуы, уыцы рынчын фӕсивӕдӕн ноджы хуыздӕр мадзӕлттӕ саразын.
Ӕппӕт хъуыддӕгтыл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, аххӕссӕн уыцы-иу хатт нӕй, фӕлӕ Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтӕмӕй алы проектмӕ дӕр уыдзӕн биноныг цӕстдард ӕмӕ ӕххуыстӕ.
Фембӕлды кӕрон фӕсивӕдӕй ӕппӕты ӕнтыстджындӕр проекттӕ цалдӕр азы фӕд-фӕдыл кӕмӕн вӕййынц, уыдон хорзӕхджынгонд ӕрцыдысты, фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитеты Арфӕйы гӕххӕттытӕй. Арфӕйы гӕххӕтт райста Тускъаты Таймураз дӕр.
Саутӕты Тамилӕ














