Сывӕллӕтты ӕнӕниздзинадӕн — ӕппӕт фадӕттӕ дӕр

0
308

Нӕ республикӕйы цӕрджытӕ ӕнӕзонгӕ не сты, Куырттаты ком алӕмӕты ӕрдзон бынат кӕй у, уый. Йӕ урссӕр хӕхтӕ, айнӕг къӕдзӕхтӕ, фынккалгӕ цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕрдзӕнтӕ кӕддӕриддӕр сӕхимӕ здахынц, ам фыццаг хатт чи сӕмбӕлы, уыцы уазджыты цӕстӕнгас. Фӕлӕ нӕ фыдӕлты уӕзӕг канд йӕ рӕсугъддзинадӕй хъуыстгонд нӕу. Уый ма суанг Уӕрӕсейы алы рӕтты дӕр зонынц, ӕнӕниздзинадӕн ӕвдадзы хос чи у, уыцы ӕмбисонды ӕрдзыхъӕдӕй дӕр.

Фыййагдоны дӕсгай азты хуымӕтӕджы нӕ кусы Сывӕллӕтты республикон санатори. Йӕ аив ӕмӕ райдзаст бӕстыхайы къӕсӕрӕй куы бахызтыстӕм, уӕд нӕ цӕст ӕрӕвӕрдтам дзӕбӕхгӕнӕн ӕмӕ хуыссӕн уӕтты сыгъдӕгдзинадыл, стӕй хъазӕн бынӕтты ифтонгдзинадыл. Фыццагдӕр кӕимӕ базонгӕ стӕм, уый та уыд санаторийы разамонӕг, РЦИ-Аланийы сгуыхт дохтыр Дзампаты Руслан.

«Махмӕ сывӕллӕттӕ улӕфӕнты низтӕй сӕхи фӕдзӕбӕх кӕнынц ӕртӕаздзыдӕй ӕртындӕс-цыппӕрдӕсаздзыды онг, ӕмӕ сӕ 95 проценты ӕдзухдӕр вӕййынц республикӕйы алы рӕттӕй. Санатори афӕдзы дӕргъы кӕй кусы, уымӕ гӕсгӕ сывӕллӕттӕ райсӕм Мӕскуы ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕндӕр горӕттӕй дӕр. Алы хатт дӕр нӕм сӕхи фӕдзӕбӕх кӕнынц 100 сывӕллоны, фӕкӕсинаг сабиты ныййарджытӕ та вӕййынц 20 адӕймаджы бӕрц», — радзырдта нын Дзампайы-фырт.

Санаторийы коллективы ӕхсӕн стыр кад ис дзӕбӕхгӕнӕн хайады сӕргълӕууӕг, РЦИ-Аланийы сгуыхт дохтыр Хъӕбӕлоты Зӕирӕйӕн. Уый 37 азы ам кусы ӕмӕ ӕдзухдӕр ныййарӕг мадау, узӕлы рынчын сывӕллӕттыл. Афтӕ ӕнувыд кӕстӕртыл сты дохтыртӕ Гатеты Жаннӕ, Абайты Беллӕ, Мӕргъиты Земфирӕ ӕмӕ иннӕ медицинон кусджытӕ ӕмӕ хъомылгӕнджытӕ дӕр.

Тохсырты Къоста

Къамтӕ систа КЪӔБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here