Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы боны 75 азы кадӕн Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ схиздзысты Аланийы хохы цъупмӕ.
Акци ацӕудзӕн 2 майы. Хохдзаутӕ хохы цъупмӕ схӕсдзысты Уӕлахизы Тырысайы къопи ӕмӕ сӕ хиуӕтты къамтимӕ плакаттӕ. Фӕстӕдӕр уыцы плакаттӕ Уӕлахизы бон ахӕсдзысты «ӕнӕмӕлгӕ полчъы» цыды.
Хохы цъуппыл сараздзысты, ирӕттӕм рагӕй-ӕрӕгмӕ цард ӕмӕ ӕдасдзинады ӕвдисӕныл нымад чи у, ахӕм мӕсыджы чысыл хуыз дӕр. Акцийы архайджытыл уыдзӕн сӕрмагонд уӕлӕдарӕс юбилейон эмблемӕимӕ.
Аланийы хох нымад у Кавказы Сӕйраг рагъы цъуппытӕй иуыл. Йӕ бӕрзӕнд у 3,5 мин метрӕй фылдӕр. Ис Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы, Халацы ӕмӕ Саухохы ӕхсӕн. Хохы тӕккӕ цъуппыл цӕуы Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕн.














