Чысыл горӕттӕ ӕмӕ историон цӕрӕнбынӕтты фадатджын ӕмӕ удӕнцой алфамблайтӕ саразыны охыл хуыздӕр проектты ӕртыккаг ӕппӕтуӕрӕсеон конкурсмӕ дарддӕр исынц куырдиӕттӕ. Райдыдта 2019 азы октябры ӕмӕ ахӕсдзӕн 31 январы онг, конкурсы бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ уӕлахиздзаутӕ сбӕрӕг уыдзысты ацы аз 1 мартъийы.
Цӕгат Ирыстонӕй дзы архайынц фондз чысыл горӕты (цӕрджыты нымӕц 20 минӕй 50 мин адӕймаджы онг). Алагир бацӕттӕ кодта, аргъуан кӕм ӕрбынӕттон, уыцы паркмӕ базилыны проект, Ӕрыдон — Фӕскомцӕдисон парчы рацарӕзт, Дигора — Горӕтаг паркмӕ, Мӕздӕг — Уӕлахизы паркмӕ базилыны проекттӕ, Беслӕн — культурӕ ӕмӕ фӕлладуадзӕн парчы рацарӕзты проект. Чи фӕуӕлахиз уа, уыцы муниципалон скондӕн проект царды рауадзынӕн радих кӕндзысты ӕхца.
Ӕппӕтуӕрӕсеон конкурс конд ӕрцыд Уӕрӕсейы Федерацийы Президент Владимир Путины хъӕппӕрисӕй, фыццаг хатт ӕй скодтой 2018 азы. Регионтӕ ӕмӕ муниципалон скондтӕн сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, хорз фӕкаст цӕрджытӕм дӕр, уымӕ гӕсгӕ конкурс скодтой ӕрвылазон. Бахастой йӕ национ проект «Цӕрӕнуӕттӕ ӕмӕ горӕтаг алфамбылай»-ы фӕлгӕтмӕ, аз ын раттынц 5 миллиард сомы. Дыууӕ азмӕ Уӕрӕсейы чысыл горӕттӕ ӕмӕ историон цӕрӕнбынӕтты ӕхсӕнӕй эксперттӕ равзӕрстой 160 проекты-уӕлахиздзауы. Ныр сӕ ӕххӕст кӕнынц 63 регионы, фарон кӕронмӕ царды рауагътой 80 проекты.
Иринӕ Горбунова














