«ГТО»-йы центртӕ — Дыгуры ӕмӕ Кировы районты

0
448

Ӕппӕтуӕрӕсеон спортивон комплекс «ГТО»-йы нормативтӕ дӕттыны центртӕ 2020 азы фӕзындзысты Дыгуры ӕмӕ Кировы районты.

Уый тыххӕй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Физикон культурӕ ӕмӕ спорты министрады пресс-службӕ.

«2020 азы Цӕгат Ирыстоны дыууӕ районы — Дыгуры ӕмӕ Кировы — байгом уыдзысты ӕппӕтуӕрӕсеон спортивон комплекс «ГТО»-йы нормативтӕ дӕттыны муниципалон центртӕ. Уыцы объекттӕ арӕзт цӕудзысты национ проект «Демографи»-йы дӕлпрограммӕ «Спорт — цардыуаг»-ы фӕлгӕты», — радзырдта министрады минӕвар.

Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, «ГТО»-йы центрты уыдзӕн дугъ кӕнӕн фӕндӕгтӕ, футболон фӕзтӕ, спорты ӕндӕр хуызтӕй архайынӕн фадӕттӕ, стӕй тренажертӕ.

Уымӕй уӕлдай, уӕлдӕр амынд программӕйы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ республикӕйы районты сараздзысты бирӕкъабазджын хъазӕн фӕзтӕ спортивон-дзӕбӕхгӕнӕн комплекстимӕ. Хъазӕн фӕзтӕ ӕрбынӕттон уыдзысты ӕрыдоны, Алагиры, Хуымӕллӕджы, Црауы, Змейкӕйы, Камбилеевкӕйы, Мичурин ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕн бынӕтты.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй фыццаградон федералон национ проект «Демографи» ӕххӕстгонд цӕуы 2019-2024 азты. Проект арӕзт у цалдӕр дӕлпрограммӕйӕ: «Сывӕллонджын бинонтӕн — финансон ӕххуыс», «Сылгоймӕгтӕн куысты бынӕттӕ дӕттын», «Хистӕр фӕлтӕр», «ӕхсӕнадон ӕнӕниздзинад фидардӕр кӕнын» ӕмӕ «Спорт — цардыуаг». Проекты фӕлгӕты 5 азы дӕргъы цы мадзӕлттӕ ӕххӕстгонд цӕудзӕн, уыдонӕн бюджетӕй дихгонд ӕрцӕудзӕн 3,1 триллион сомы бӕрц.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here