Ӕвзонг бӕлццӕтты ӕдасдзинадӕн

0
281

Цӕгат Ирыстоны цӕуы профилактикон акци «Пристегни самое дорогое». Йӕ хӕс у, ӕнахъом бӕлццӕтты хъахъхъӕнын кӕй хъӕуы, уый ма ноджыдӕр иу хатт хистӕр адӕмы зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын. Рог хӕдтулгӕйы сывӕллоны ласгӕйӕ, ӕнӕмӕнг, пайда кӕнын хъӕуы сӕрмагонд ронӕй.

10 февралмӕ республикӕйы автоинспектортӕ рейдтӕ кӕндзысты сывӕллӕтты ласыны фӕтк халыны цаутӕ раргом кӕныны тыххӕй, профилактикон ныхас кӕндзысты ныййарджытимӕ, акцийы тыххӕй хъусынгӕнинӕгтӕ фыст кӕм сты, ахӕм стикертӕ ӕмӕ буклеттӕ сӕвӕрдзысты транспорты лӕууӕн бынӕтты, артагӕвгӕнӕн станцӕтӕ ӕмӕ автовагзалты. Дзыллон мадзӕлтты архайынмӕ ӕрбахондзысты ӕхсӕнадон организациты минӕвӕртты, сывӕллӕтты хъуыддӕгты инспекторты ӕмӕ журналистты.

Автоинспектортӕ адӕмы зӕрдыл лӕууын кӕнынц, хӕдтулгӕйы цӕугӕйӕ, уӕвӕн ис, ӕмӕ ӕвӕрд кӕй ӕдасдзинады рӕтты ӕгънӕджытӕ нӕ уой, уыцы ӕвзонг бӕлццӕттӕ цӕфтӕ райсой. Уымӕ гӕсгӕ шофыры хӕс у, хӕдтулгӕйы кӕй ласы, уыцы бӕлццӕттӕ ӕдасдзинады ифтонггӕрзтӕй спайда кодтой ӕви нӕ, уый рагацау сбӕрӕг кӕнын.

Уый тыххӕй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Мидхъуыддӕгты министрады фӕндагыл ӕдасӕй цӕуыны паддзахадон инспекци.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here