Ӕфсӕддон бастдзинады ахуыртӕ

0
555

Ацы бонты 58-ӕм ӕфсады радиобастдзинады дӕлхайӕдтӕн сарӕзтой сӕрмагонд ахуыртӕ.

Уый тыххӕй фехъусын кодта Хуссайраг ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Пресс-службӕйы минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, ӕфсӕддон бастдзинады цӕттӕдзинад сбӕрӕг кӕнынӕй уӕлдай, ахуырты рӕстӕг быдырон уавӕрты уӕрӕх пайдагонд ӕрцыд сӕрмагонд радиоаппаратурӕйы ног хуызтӕй. Уыимӕ, ӕфсӕддонтӕ бафӕлвӕрдтой спутникон бастдзинады фӕрӕзты ног хуызтӕ дӕр. Специалисттӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй спутникон бастдзинады станцӕтӕ «Белозер» хорз фӕахъаз сты ӕфсӕддонтӕн, цӕмӕй ахадгӕдӕр хуызы ӕххӕст кӕной алы дӕлхайӕдты ‘хсӕн ӕнгом бастдзинады фӕтк. Зӕронд станцӕтимӕ абаргӕйӕ, «Белозер» йӕ асӕй дӕр, йӕ уӕзӕй дӕр у дзӕвгар къаддӕр, йӕ куыстадон хъомыс та — бирӕ фылдӕр.

Хуссайраг ӕфсӕддон зылды пресс-службӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ахуырты архайдтой 800 адӕймагӕй фылдӕр.

Дмитрий Кузьмин

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here