Уарзты тӕгтӕй нывӕзт удыхъӕд

0
515
OLYMPUS DIGITAL CAMERA

УФ-йы Фысджыты цӕдисы уӕнг, прозаик Дзабайты Таисӕйыл сӕххӕст 85 азы. Уый фӕдыл Дзӕуджыхъӕуы Центрон библиотекӕйы уыд йе сфӕлдыстадон изӕр. Ӕрбацыдысты йӕм нӕ республикӕйы Фысджыты цӕдисы, зонадон ӕмӕ педагогон интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, студенттӕ, скъоладзаутӕ ӕмӕ чиныгкӕсджытӕ.

Таисӕйы цард, фӕллой ӕмӕ сфӕлдыстадон фӕндаджы тыххӕй изӕры райдайӕны радзырдта библиотекӕйы бӕстӕзонӕн хайады сӕргълӕууӕг, РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг Дзугаты Риммӕ. Фыссӕг цард куыд ӕнкъары, йӕхи удыхъӕд цы уарзты тӕгтӕй нывӕзт у, уый зыны йӕ уацмыстыл: «Сидзӕртӕ ӕмӕ сидзӕргӕстӕ», «Донхӕрис», «Балладӕ фондз ӕфсымӕрыл»-ы, радзырдты архайджытӕ цавӕр зондыл хӕст сты, сӕ хъысмӕт цавӕр уднывтыл карст у, уый тыххӕй фембӕлды йӕ хъуыдытӕ загъта РЦИ-Аланийы Фысджыты цӕдисы сӕрдары хӕдивӕг Скъодтаты Эльбрус. Уый куыд бафиппайдта, афтӕмӕй Таисӕйы роман «Сидзӕртӕ ӕмӕ сидзӕргӕстӕ»-м гӕсгӕ, Кӕсӕг-Балхъары газет «Горянка»-йы сӕйраг редактор, УФ-йы Журналистты ӕмӕ Фысджыты цӕдисты уӕнг Зӕринӕ Канукова сарӕзта пьесӕ.

Таисӕйы тыххӕй ма сӕ хъуыдытӕ загътой филологон наукӕты доктор, ЦИПУ-йы профессор Бекъойты Валодя, зындгонд скульптор Дзбойты Михал, журнал «Ирӕф»-ы сӕйраг редакторы хӕдивӕг, поэт Колыты Витали. Уыдон фӕнысан кодтой, йӕ уацмысты Къесаонон кӕй у реалист, хи аив хъуыды нывӕндӕг.

Таисӕйы уацмысты хъомыладон ахадындзинадыл та уыд фембӕлды сӕ ныхас УФ-йы Фысджыты цӕдисы уӕнг Соттиты Риммӕ ӕмӕ ахуыргӕнӕг Хӕллаты Азӕйӕн.

Фембӕлдмӕ ӕрбацӕуджытӕн зӕрдиаг арфӕ ракодта Дзӕуджыхъӕуы Центрон библиотекӕйы директор Цъӕхилты Зӕлинӕ. Юбилярӕн та саккаг кодта арфӕйы фыстӕг ӕмӕ уардиты баст.

Эстетикон хъомылады центр «Сфӕлдыстад»-ы инструменталон ансамблы ӕвзонг музыканттӕ уазджытӕ ӕмӕ фысымты зӕрдӕтӕ барухс кодтой сӕ аивадӕй. Сӕ разамонӕг ӕмӕ концертмейстер — РЦИ-Аланийы адӕмон артисткӕ Агънаты Земӕ ӕмӕ Дзускуаты Зӕлинӕ.

Библиотекӕйы кусджытӕ бацӕттӕ кодтой Дзабайты Таисӕйы чингуыты равдыст.

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here