Гранттӕ — федералон бюджетӕй

0
555

Мидӕггаг ӕмӕ ӕрбацӕугӕ туризмы рӕзтмӕ конд ӕхсӕнадон ӕмӕ амалхъомадон хъӕппӕристӕн федералон бюджетӕй ӕхцайы ӕххуыс дӕттыны тыххӕй уагӕвӕрдтӕ 2020 азы 1 январӕй сӕ тыхы бацыдысты.

Уыдон сфидар кодта Уӕрӕсейы Хицауад, ӕххуысы бӕрц хъуамӕ   3 милуан сомӕй фылдӕр ма уа.

Уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ субсидитӕ райсын сӕ бон у уӕрӕсейаг хицӕн амалхъомтӕ ӕмӕ юридикон куыстуӕттӕн. Уый тыххӕй «Ростуризм»-мӕ хъуамӕ бадӕттой туристон лӕггӕдтӕ, туризмы къабазы кусджыты нымӕц фӕфылдӕр кӕнынимӕ, инвалидтӕн ӕнцонвадат туристон алфамбылайтӕ скӕнынимӕ баст проекттӕ. Конкурсы бындурыл сӕ равзардзысты.

Грантты фӕрцы туризмы къабазы рӕзтыл бацархайынвӕнд цы амалхъомтӕм ис, уыдонӕн федералон бюджеты иу азӕн бавӕрдтой 54 милуан сомы. Уыимӕ, хъуамӕ амалхъом проекты бавӕра йӕхи ӕхца дӕр — гранты 30 проценты бӕрц. «Ростуризм»-ы сӕрмагонд къамис ӕркӕсдзӕн проекттӕм, нымад цӕудзӕн сӕ социалон-экономикон ахадындзинад, туристон лӕггӕдты нымӕц, се ‘мвӕзад, сӕ хӕрзхъӕддзинад, проекты авторы фӕлтӕрддзинад.

Субсидитӕ райсынвӕнд кӕмӕ ис, уый уал хъуамӕ рагацау проект царды рауадзыны тыххӕй разыйы дзуапп райса регионы разамындӕй. Къамисмӕ бавдиса уыцы зӕрдӕдарӕнтӕ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here