Фӕлгонцадон куыстытӕ — ӕхсӕнадон бынӕтты

0
271

Куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй 2020 азы Цӕгат Ирыстоны ӕхсӕнадон фӕлладуадзӕн бынӕттӕ ӕмӕ бирӕфатерон цӕрӕн хӕдзӕртты кӕртыты фӕлгонцадон куыстытӕн дихгонд ӕрцӕудзӕн 210 милуан сомы бӕрц.

Ахӕм нымӕцтӕ фехъусын кодта республикӕйы цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министры хӕдивӕг Кучиты Зауырбег.

«2020 азы пъланмӕ гӕсгӕ, цалцӕггӕнӕн ӕмӕ фӕлгонцадон куыстытӕ ӕххӕстгонд ӕрцӕудзысты бирӕфатерон цӕрӕн хӕдзӕртты 129 кӕрты ӕмӕ 40 ӕхсӕнадон фӕлладуадзӕн бынаты. Уыцы куыстытӕн федералон бюджетӕй дихгонд ӕрцӕудзӕн 193 милуан сомы бӕрц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы куыстытӕн сӕрмагонд фӕрӕзтӕ радих кӕндзысты республикон ӕмӕ бынӕттон бюджеттӕй дӕр. Ныртӕккӕ муниципалитеттӕ цӕттӕ кӕнынц ӕппӕт хъӕугӕ проектон-сметон документаци, цӕмӕй афойнадыл бӕрӕггонд ӕрцӕуой подрядон организацитӕ», — радзырдта Кучиты Зауырбег.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй, куыд иннӕ уӕрӕсейаг регионты, афтӕ Цӕгат Ирыстоны дӕр ӕххӕстгонд цӕуы сӕрмагонд федералон проект «ӕппӕтфадатджын горӕтаг алфамбылай». Уыцы программӕйы фӕлгӕты 2024 азы онг цалцӕггӕнӕн ӕмӕ фӕлгонцадон куыстытӕ сӕххӕст кӕндзысты бирӕфатерон цӕрӕн хӕдзӕртты 632 кӕрты ӕмӕ 157 ӕхсӕнадон фӕлладуадзӕн бынаты.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here