Ирон лӕппу фесгуыхт Бельгийы

0
475

Кӕдфӕндыдӕр ӕхсызгон вӕййы, не ‘мзӕххон искуы куы фесгуыхы, йӕ хорзы хабар Ирыстонмӕ дардӕй куы ‘рбайхъуысы, уый.

Царды фӕндӕгтӕ алыхуызон рауайынц. Чидӕртӕ сӕ фыды уӕзӕгыл ӕрфидар вӕййынц ӕмӕ цӕрынӕн, сӕ бинонты дарынӕн амӕлттӕ фӕагурынц. Иннӕты та сӕ царды уавӕртӕ ахӕссынц сӕ фыдыбӕстӕйӕ дӕрддзӕф рӕттӕм ӕмӕ уым баззайынц, ӕнхъӕл куыд нӕ вӕййынц, афтӕ дӕргъвӕтин рӕстӕгмӕ.

Фӕлӕ уӕддӕр адӕймагӕн йе сконд афтӕ у, ӕмӕ йын ӕндӕр бӕстӕйы цыфӕнды хорз уавӕртӕ куы уа цӕрынӕн, уӕддӕр йӕ зӕрдӕ фӕтырны йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ. Исты хорздзинад ыл куы ‘рцӕуы, уӕд ӕй фӕфӕнды йӕ хорз хабар фыццаджыдӕр, йе ‘мбӕстӕгтӕн фехъусын кӕнын.

Афтӕ рауад не ‘мзӕххон ирон лӕг Цъебойты Аланы бинонты цардвӕндаг дӕр. Фынддӕс азы размӕ нӕ бӕстӕйы милуангай адӕймӕгтӕ сӕхицӕн куыст ӕмӕ цӕрыны фадӕттӕ куы агуырдтой, уӕд Алан афтыди Бельгимӕ. Ам куыстуарзон лӕг куыдфӕстӕмӕ ӕрбӕстон ис, ӕмӕ йӕ бинонтӕ абон дӕр ӕдыхстӕй цӕрынц Бельгийы провинцитӕй иу Вестфландрийы (Ныгуылӕн Фландри). Алан йӕ бинонтимӕ Бельгимӕ куы ацыди, уӕд йӕ лӕппу Алыксандрыл цыди дыууӕ азы. Чысыл куы райрӕзт, уӕд раздӕр цӕуын райдыдта футболӕй хъазынмӕ. Фӕстӕдӕр иуӕндӕсаздзыдӕй, йӕ фыды загъдау, йӕ ирон туг скуыста, ӕмӕ йӕ бафӕндыд хъӕбысхӕстмӕ цӕуын. Кӕм цардысты, уым уыди дзюдойы скъола ӕмӕ уым фӕцалх и тренировкӕтӕ кӕныныл. Цыбыр рӕстӕгмӕ ӕмбулын райдыдта йӕ карӕнты. 16-аздзыдӕй йын лӕвӕрд ӕрцыд дзюдойы сау рон.

Абонмӕ 17-аздзыд Цъебойты Алыксандр ӕрыгӕтты (18 азы онг) ерысты рамбылдта цыппӕрдӕс турниры. Бельгийӕ уӕлдай ма фӕуӕлахиз Францы ӕмӕ Голландийы цалдӕр турниры дӕр. Къорд хатты йын лӕвӕрд ӕрцыд ерысты хуыздӕр дзюдоисты ном ӕмӕ хорзӕхджын сси сӕрмагонд лӕвӕрттӕй. Мӕйы размӕ йын Ныгуылӕн Фландрийы спортивон ӕхсӕнад радта провинцийы хуыздӕр дзюдоисты ном. Ӕнӕмӕнг, ӕрыгон дзюдоистӕн уый у стыр кад.

Алыксандр ахуыр кӕны горӕт Брюггейы технологон колледжы, фӕлӕ йӕ тынг фӕнды дзюдойӕ стыр ерысты архайын. Фӕнды йӕ, цӕмӕй йе ‘нтыстдзинӕдтӕ ӕрбайхъуысой Ирыстонмӕ дӕр. Ам цӕрынц йӕ нанатӕ Цъебойты Галинӕ ӕмӕ Хъыбызты Разитӕ, йӕ иннӕ хӕстӕджытӕ. Алыксандр зоны, уыдонӕй ӕхсызгондӕр кӕй никӕмӕн уыдзӕн йӕ фесгуыхты хабар, уый ӕмӕ тынг зӕрдиагӕй архайы йӕ арӕхстдзинад бӕрзондӕй-бӕрзонддӕр кӕныныл. Алыксандры бафӕзмыдта йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр, астаздзыд Ян ӕмӕ уый дӕр бафӕндыд тыхджын дзюдоист суӕвын. Нӕ зӕрдӕ сын зӕгъы стыр спорты ахъаззаджы уӕлахизтӕ!

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here