Матросты лӕгдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад

0
461

1942 азы фӕззӕджы тӕссаг уавӕр сӕвзӕрд Цӕгат Кавказы. Знаг йӕ быцъынӕг тыдта Дзӕуджыхъӕу бацахсынмӕ, цӕмӕй йын фӕндаг байгом уыдаид Грозна ӕмӕ Бакуйы нефты гуырӕнтӕм. Фӕлӕ Сырх ӕфсады ӕвзаргӕ хӕйттӕ бӕрзӕйсӕттӕн цӕфтӕ ныккодтой немыцаг лӕбурджытӕн горӕтмӕ бацӕуӕнты. Ноябры фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ карз хӕстытӕ цыдысты Майрӕмададжы дӕр. Фашистон лӕгмартӕ хъавыдысты Суаргомыл ахизын ӕмӕ Дзӕуджыхъӕу хъахъхъӕнджыты чъылдымӕрдыгӕй ныццӕвын.

— Нӕй, нӕ бауадздзыстӕм фыдвӕнд сӕххӕст кӕнын, — хъӕддыхӕй дзырдтой, Суаргом чи хъахъхъӕдта, уыцы ӕфсӕддон хӕйтты хӕстонтӕ. Уӕлдай хъӕбатырдӕрӕй знаджы ныхмӕ ӕрлӕууыдысты Ленинграды, Бакуйы, Севастополы, Ейскы, Одессӕйы ӕфсӕддон-денджызон училищӕты курсанттӕ. Ӕртыккӕгӕм ноябры ӕххуысмӕ фӕзындысты 34-ӕм бригады тыхтӕ, ӕмӕ матростӕ сӕ хъарутыл ӕрӕууӕндыдысты. Батальоны командиры уынаффӕйӕ хъӕуы цыппар раны матростӕ сӕхи ӕрфидар кодтой. Хурыскӕсӕны уынг бацахста лейтенант Константин Иконописцевы фыццаг ротӕ, иннӕ дыууӕ раны та знаджы ныхмӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ӕрлӕууыдысты Эдуард Мирза-Туниевы ӕмӕ кӕстӕр лейтенант Григорий Мазуры хӕстонтӕ.

Цыппӕрӕм ноябры уыдис мигъбон. Уӕддӕр немыцаг хъӕрццыгъатӕ фӕзындысты Майрӕмададжы сӕрмӕ ӕмӕ бомбӕтӕ згъалын райдыдтой. Хъӕуы хӕдзӕрттӕй цалдӕрӕн сӕ пиллон скалд. Цӕрджытӕ — зӕрӕдтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ — ӕргъӕмтты бӕстытимӕ лыгъдысты хъӕдмӕ сӕхи бафӕсвӕд кӕныны тыххӕй.

Фӕлӕ хъӕуӕй къахдзӕф дӕр никӕдӕм ацыдысты зӕронд лӕг Базраты Тасолтан, хъӕуӕххӕсткомы сӕрдар Базраты Алихан, коммунист Быгъуылты Хасӕхъо, бынӕттон колхозы сӕрдар Дзуццаты Арсӕмӕг, Батиаты Никъала, фӕскомцӕдисонтӕ Бтемыраты Лидӕ, Кучиты Зинӕ, ногдзау Гӕлӕбаты Валодя. Уыдон ӕрбалӕууыдысты хӕстонты фарсмӕ ӕмӕ сын алыхуызон ӕххуыс кодтой. Кӕм сын фӕндаг амыдтой, кӕм цӕфтӕм зылдысты, кӕм та-иу сӕм хойрагӕй фӕкастысты. Иухатт та Базраты Алихан ӕмӕ Быгъуылты Хасӕхъо Суаргом хъахъхъӕнджытӕн 20 фысӕй сихор скодтой. Фӕлӕ хӕст хӕст у. Ӕфсӕддонтӕй бирӕты къухы нӕ бафтыд сихор бахӕрын.

Немыцаг хӕдтӕхджыты ӕрбатахты фӕстӕ фашисттӕ хъӕу сармадзантӕй ӕхсын райдыдтой. Фӕссихор немыцаг салдӕттӕ фӕндырӕйцӕгъдгӕ фӕзындысты цӕугӕдон Майрӕмададжы цур. Лейтенант Иконописцевы хӕстонтӕ сыл автоматтӕй ралӕууыдысты. Немыц фӕпырх сты, сӕ ных сарӕзтой лейтенант Джумабаевы акъоппытӕм.

«Полундра!» — райхъуыст старшина Владимир Чечеткины тохмӕсидӕг хъӕр, ӕмӕ скуыстой Цомайты Валентины, Анатолий Поповы, Павел Ермишкины, Расковаловы хӕцӕнгӕрзтӕ.

Раст куы зӕгъӕм, уӕд ӕппӕт карз тохы фӕдыл ныртӕккӕ зын дзурӕн у. Суаргом хъахъхъӕнджытӕ равдыстой, уӕды онг чи никуыма уыд, ахӕм хъӕбатырдзинад. Фыццаг хатт сӕ къухтӕм хӕцӕнгарз чи райста, уыцы ӕвзонг лӕппутӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ӕрлӕууыдысты немыцаг ӕвзаргӕ хӕйтты ныхмӕ. Майрӕмадагмӕ лӕбурдтой, хӕхбӕсты хӕцынмӕ ахуыр чи уыди, ахӕм дыккаг румынаг автоматтӕй ӕхсджыты дивизи, полкъ «Бранденбург». Уыцы-иу рӕстӕг матростӕм ӕрбалӕбурдта 60 немыцаг танчы. Фӕлӕ уыдон ӕдзухдӕр цӕттӕ уыдысты фашисттӕн ныхкъуырд радтынмӕ. Майрӕмадаг немыцӕн разынд ӕцӕг денджызон фидар.

Фарӕстӕм ноябры цӕвӕг марӕджы нал зыдта Майрӕмададжы. Карз хӕстытӕ цыдысты, цалынмӕ Фӕскавказы фронты цӕгатаг къорд немыцӕн бӕрзӕйсӕттӕн цӕфтӕ нӕ ныккодта, уӕдмӕ. Карз хӕстыты хъӕбатырӕй фӕмард сты хӕстон-денджызон училищӕты курсанттӕ Рафаэль Хуцишвили, Михаил Фенстер, Юрий Дзенс, Герман Шакиров, Додик Рижский, Константин Иконописцев, Николай Еремеев, Леонид Андреев, Сергей Голубцов, Николай Громов, Василий Колесников ӕмӕ иннӕтӕ — ӕдӕппӕт 500 адӕймагӕй фылдӕр.

Ӕдзард хӕстонты нӕмттӕ сӕнусон кӕныны тыххӕй рагӕйдӕр бирӕ куыст цӕуы Майрӕмададжы. Ӕфсымӕрон ингӕнтӕ алы ран дӕр сты аив фӕлгонцгонд. Хъӕуккӕгты царды уӕлдай ахсджиаг цау уыдис, ам къорд азы размӕ Хӕстон намысы музей кӕй байгом, уый. Йӕ саразыныл сӕ рӕстӕджы зӕрдиагӕй бакуыстой Быгъуылты Хасӕхъо, Гӕлӕбаты Валодя, Базраты Мӕдинӕт, бынӕттон астӕуккаг скъолайы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ.

Ныртӕккӕ музейӕн разамынд дӕтты Джериаты Фатимӕ. Дӕргъвӕтин рӕстӕг архайы, цӕмӕй музейы экспонаттӕ уой алыхуызон. Ам фенӕн ис, Майрӕмададжы зӕххыл чи хӕцыд, уыцы матросты хуызистытӕ, хъӕбатырты уӕлӕдарӕс, хицӕн адӕймӕгты мысинӕгтӕ, хӕсты рӕстӕджы къамтӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕджытӕ.

Бирӕ азты музейы коллективӕн фидар бастдзинӕдтӕ уыдис раздӕры хӕстонтимӕ дӕр. Зӕгъӕм, дзӕуджыхъӕуккӕгтӕ Валентин Емельяненко, Петр Донской, Цомайты Валентин, бакуйаг Эдуард Мирза-Туниев сӕ рӕстӕджы арӕх бӕрӕг кодтой, се ‘мбӕлттӕ ныгӕд кӕм сты, уыцы ӕфсымӕрон ингӕнтӕ. Сӕйрагдӕр та-иу фембӕлдысты хъӕуы ӕрыгон фӕлтӕримӕ ӕмӕ-иу сын радзырдтой ӕдзард хъӕбатырты тыххӕй.

Тохсырты Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here