Сбӕрӕг кодтой Ирыстоны чемпионты

0
231

Ивгъуыд къуыри дӕр та хъӕздыг рауад хъӕбысхӕсты спорты ерыстӕй. Ӕнӕхъӕн къуыри Италийы цыдысты грекъаг-ромаг ӕмӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Европӕйы чемпионаты ерыстӕ.

Ирыстоны спортуарзджытӕ уыцы ерыстӕм тынг цымыдисӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, ӕмӕ дзы нӕ богӕлттӕ дыууӕ сыгъзӕрин ӕмӕ дыууӕ бронзӕ майданы кӕй рамбылдтой, ууыл тынг фӕцин кодтой. Нӕ лӕппутӕ: Тускъаты Азӕмӕт, Найфонты Артур, ӕлборты Аслӕнбег, Мӕхъиты Барис, Рубайты Георги ӕмӕ Цӕкулаты Батырбег Италийы куы ерыс кодтой, раст уыцы бонты та Дзӕуджыхъӕуы, Хъуылаты Бадзийы номыл Спортивон галуаны («Манеж») райдыдтой нӕ республикӕйы чемпионаты ерыстӕ.

Ӕдӕппӕт Ирыстоны чемпионы ном рамбулыныл тох кодтой 225 богалы. Кӕд нӕ абоны зындгонддӕр богӕлттӕн сӕ фылдӕрӕн фадат нӕ фӕци нӕ республикӕйы чемпионаты архайынӕн, уӕддӕр дзы адӕймаг цӕмӕ бакастаид, уый уыди. Гауызмӕ чи рацыд, уыцы богӕлттӕн сӕ фылдӕр уыдысты, нырма фӕсивӕдон кары чи ис, ахӕм лӕппутӕ. Уыдонӕй алчидӕр тырныдта, куыд гӕнӕн ис, афтӕ хъомысджындӕрӕй йӕхи равдисынмӕ. Ацы хъуыддаджы алкӕмӕн дӕр уыди йӕхи нысан, фӕлӕ уӕддӕр богӕлттӕн сӕ фылдӕр тырныдтой уӕлдӕр бынат бацахсынмӕ ӕмӕ Цӕгат Кавказы федералон зылды чемпионатмӕ балцӕгтӕ райсынмӕ. Уыцы чемпионат цӕудзӕн мартъийы Дагестаны, ӕмӕ дзы 1-5 бынӕттӕ чи бацахса, уыдонӕн балцӕгтӕ лӕвӕрд цӕудзӕн Уӕрӕсейы чемпионатмӕ.

Зын бамбарӕн нӕу, алы спортсмен дӕр ахӕм хӕс кӕй февӕры йӕ размӕ, уый. Уымӕ гӕсгӕ, Ирыстоны чемпионаты алы уӕзы дӕр фыццаг бынӕттӕ бацахсыныл цыди ахъаззаг тох.

Ӕппӕты рогдӕр уӕзы кӕронбӕттӕнмӕ рацыдысты Андиаты Сосланы номыл скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ Гаглойты Зауыр ӕмӕ Закаты Азӕмӕт. Сӕ хъазуатон тох ахицӕн Гаглойты Зауыры пайдайӕн 4:2 хыгъдӕй, ӕмӕ сси Ирыстоны 2020 азы чемпион 57 кг онг уӕзы. Зауыры ерыстӕм бацӕттӕ кодта йӕ тренер Санаты Георги.

Цымыдисаг рауад Ӕбиты Алан (Дыгуры р-н) ӕмӕ Быгъуылты Зауырбеджы (Рахизфарсы р-н) фембӕлд дӕр кӕронбӕттӕны. Ам раздӕр 2:0 хыгъдӕй ӕмбылдта Быгъуылты Зауырбег, фӕлӕ Ӕбиты Алан фидар фӕлӕууыд ӕмӕ рамбылдта 5:2 хыгъдӕй. Аланы тренер у Мӕрзойты Чермен.

65 кг онг уӕзы хорз цӕттӕдзинад ӕмӕ уӕлахизмӕ тырнындзинад равдыста ӕрыдойнаг тренертӕ Дзукъаты Кахабер ӕмӕ Челӕхсаты Бердийы хъомылгӕнинаг Уалыты Эльбрус. Уый йӕ фондз ныхмӕлӕууӕгӕй дӕр рамбылдта ӕнӕкъуылымпыйӕ ӕмӕ фыццаг хатт сси Ирыстоны чемпион.

70 кг онг уӕзы кӕронбӕттӕны 1-аг бынат бацахсыныл ерысы бацыдысты Дзбойты Владимир (Алагиры р-н) ӕмӕ Челдыты Давид (Андиаты Сосланы номыл скъола). Сӕ фембӕлды зынгӕ амалджындӕр разынд Дзбойы-фырт ӕмӕ фӕуӕлахиз 9:2 хыгъдӕй. Йӕ тренер у Хъайтмазты Таймураз.

74 кг онг уӕзы кӕронбӕттӕны хъуамӕ хӕцыдаиккой Хӕдзарӕгаты Азӕмӕт (Рахизфарсы р-н) ӕмӕ Хостыхъоты Арсӕмӕг (Ӕрыдоны р-н), фӕлӕ Арсӕмӕг йӕхи кӕй ныццавта, уый аххосӕй гауызмӕ нал рацыд, ӕмӕ чемпионы ном лӕвӕрд ӕрцыд Уӕрӕсейы сгуыхт тренер ӕрчъегкаты Тотрадз ӕмӕ Дудайты Эльбрусы хъомылгӕнинаг Хӕдзарӕгаты Арсӕмӕгӕн.

Иннӕ уӕзты уӕлахиздзаутӕ систы: 79 кг — Чертхъоты Руслан (Андиаты Сосланы номыл скъола, тренер Лалыты Вадим), 86 кг — Найфонты Алан (Рахизфарсы р-н, тренертӕ: Ӕрчъегкаты Тотрадз, Дудайты Эльбрус ӕмӕ Ӕрчъегкаты Георги), 92 кг — Цхуырбаты Артем (Таймазты ӕфсымӕрты хъӕбысхӕсты клуб, тренер Рубайты Руслан), 97 кг — Кодзырты Сергей (Таймазты ӕфсымӕрты клуб, тренертӕ Хуыгаты Анатоли ӕмӕ Челӕхсаты Артем, 125 кг — Къозонты Зауыр (Горӕтгӕрон р-н, тренер Лалыты Георги).

Чемпионат куыд ацыди, уый тыххӕй нын йӕ хъуыдытӕ загъта дунеон къласы тӕрхонгӕнӕг Гуылчеты Валери: «Чемпионаты чи тох кодта, уыцы богӕлттӕ зӕрдиагӕй бацархайдтой сӕ арӕхстдзинад равдисыныл. Цымыдисаг фембӕлдтытӕ дӕр гыццыл нӕ уыд нӕ ерысты. Мӕнмӕ гӕсгӕ ерыстӕ ноджы цымыдисагдӕр уаиккой, нӕ зындгонд богӕлттӕй дзы фылдӕрӕн архайыны фадат куы уаид, уӕд. Уый тыххӕй та ӕркӕсын хъӕуы ӕппӕт ерысты къӕлиндармӕ, ӕмӕ йын уым ссарын хъӕуы хуыздӕр рӕстӕг».

Махмӕ дӕр раст кӕсы Валерийы хъуыды. Нӕ республикӕйы чемпионатӕн йӕ ахадындзинад фӕфылдӕр кӕныныл бацархайын кӕй хъӕуы, уый у ӕнӕмӕнг саразинаг хъуыддаг.

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here