Номарӕн турнир

0
352

Цхинвалы уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ацыд Олимпаг хъӕзтыты дыууӕ хатты призер Къудухты Бесикы номарӕн турнир.

Республикӕйы Фӕсивӕдон политикӕйы, спорт ӕмӕ туризмы комитеты минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, ерысты архайдтой Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны 150 ӕвзонг хъӕбысӕйхӕцӕджы. Турнир фенынмӕ ӕрбацыдысты Бесикы хиуӕттӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕ: йӕ мад Габиты Лейлӕ, йӕ идӕдз Кристинӕ, йӕ сывӕллӕттӕ Евӕ ӕмӕ Георги, стӕй йӕ мады ‘фсымӕр Тамаз.

Ерыстӕ гом кӕныны рӕстӕг видеоролик равдыстой Уӕрӕсейы хъӕбысӕйхӕцджыты иугонд командӕйы архайдимӕ. Йӕ сӕйраг тренер у Тедеты Дзамболат. Хъӕбысӕйхӕцджытӕ загътой: «Бесикы рухс ном ӕнусмӕ нӕ зӕрдӕты цӕрдзӕн».

Спорты фарстыты фӕдыл Хуссар Ирыстоны Президенты ӕххуысгӕнӕг Джиоты Руфин ӕмӕ фӕсивӕдон политикӕйы, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕрдар Гӕбӕраты Инал раарфӕ кодтой ерысты ӕвзонг архайджытӕн.

Турниры фыццаг бынӕттӕ чи бацахста, уыдонӕн радтой майдантӕ, кубоктӕ ӕмӕ ӕхцайы премитӕ.

«Хуыздӕр техникӕйы тыххӕй» ӕмӕ «Уӕлахизмӕ тырнындзинады тыххӕй» призтӕй хорзӕхгонд ӕрцыдысты Плиты Вадим ӕмӕ Бететы Алан.

(Информацион агентад «Рес»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here