Ирон чызг
Аланӕ, йӕ цыбырӕлвыд сӕр бӕрзӕндты хӕсгӕйӕ, ӕрцӕуы Къостайы стыр уынджы. Хъустыл егъау тӕлы-хъусцӕджытӕ ӕрттивынц. Цыбыр къабайы кӕрӕтты астӕумӕ схӕццӕмӕ бирӕ нал хъӕуы. Бикъ цыбыр уӕлгуыры бынӕй бирӕгъы цӕстау ӕрттивы…
— Хорз чызг, фӕлӕуу-ма! — дзуры йӕм Саухал.
— Ты ко мне, маэстро? — чызг йӕ дзыхӕй чъиу рату кодта.
— Цӕй мысатыры кой кӕныс, Саухал дӕн ӕз.
— Чего ты хочешь?!
— Газет «Рӕстдзинад»-ы редакци кӕм ис, уый мын куы бацамонис…
Чызг ӕм ницы дзуры. Йӕ дзыхы дӕргъӕй-дӕргъмӕ тамако фӕсагъта ӕмӕ йыл ӕрцъыккӕхсонӕй зынг бафтыдта.
— Хуарз кизгӕ, иронау нӕ зонус ӕй? Дигоронау та?..
— Говори по-русски! — йӕ дзыхӕй тамако райсгӕйӕ, фӕтъӕлланг ласта чызг. — Я иностранные языки не знаю!
Саухалӕн йе ‘фсӕр ӕрхауд, ӕмӕ йӕ дзых хӕлиуӕй баззади.
Минӕвӕрттӕ
Саухал цалдӕр ӕмбалимӕ фарастуӕладзыгон хӕдзары иу фатеры дуары раз ӕрлӕууыд ӕмӕ дзӕнгӕрӕджы джыбы балхъывта:
— Мӕнмӕ гӕсгӕ, ацы фатер у. Уӕладзгуытыл хизгӕйӕ, мӕ сӕр разылд…
Хӕдзары хицау сӕм ракаст.
— Уазджытӕ нӕ уадзут? — дзуры йӕм Саухал.
— Уазӕг, Хуыцауы уазӕг! Мидӕмӕ рахизут!
Уазджыты фынджы уӕлхъус ӕрбадын кодтой. Сӕ разы сын цӕхх, кӕрдзын ӕрӕвӕрдтой, Уырыссаг арахъӕй цалдӕр сидты фӕстӕ Саухал фысыммӕ дзуры:
— Нӕ хорз фысым, дӕ минӕстӕ бирӕ, фӕлӕ уӕм мах минӕвӕрттӕй ӕрвыст стӕм, уӕ чызджы уын курӕм.
Хӕдзары ӕфсин хъайла фынгмӕ ӕрбацӕйхаста ӕмӕ, уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд тӕбӕгъ йӕ къухӕй ӕрхауд.
— Хатыр уӕ курын, мӕ буц уазджытӕ, фӕлӕ уын уӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын мӕ бон нӕу, дӕс-фынддӕс азы фӕстӕ нӕм-иу сӕмбӕлут! — бахудти фысым.
Минӕвӕрттӕ цавддуртау, сӕ бандӕтты бадгӕйӕ, баззадысты… Уыцы рӕстӕг иу гыццыл чызг ӕрбауади ӕмӕ тӕбӕгъы сӕстытӕ уидзынмӕ фӕци.
Ныр та Саухалы къухӕй ӕрхауд агуывзӕ.
Сланты Руслан














