Ахуырты архайдтой

0
422

Ацы бонты 58-ӕм ӕфсады бастдзинады дӕлхайӕдтӕн сарӕзтой радон командон-штабон ахуыртӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта Хуссайраг ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Сӕ иудадзыгон бынӕттӕй ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ къордтӕ-къордтӕй, фӕндагыл диверсион къордтӕ сӕдас кӕнгӕйӕ, цыбыр рӕстӕгмӕ бахӕццӕ сты, ахуырты сӕйраг хай кӕм уыд, уыцы полигонмӕ Алханчурты поселочы размӕ.

Бынаты ӕфсӕддонтӕ цыбыр ӕмгъуыдмӕ ӕрӕвӕрдтой сӕрмагонд бастдзинады фӕрӕзтӕ ӕмӕ бавнӕлдтой ахуырты нысантӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. «Нӕ ахуыртӕ ӕххӕст кӕнӕм бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ. Ацы хатт фылдӕр ӕргом аздахдзыстӕм нырыккон техникӕйы хуызӕгтӕй быдырон уавӕрты пайда кӕныны хъуыддагмӕ. Иудадзыг дӕр нӕм сӕрвитынц бастдзинады ӕппӕты нырыккондӕр фӕрӕзтӕ — ӕмӕ ӕфсӕддон бастдзинады кусджыты фыццаградон хӕс у уыцы техникӕйӕ ӕнӕаиппӕй пайда кӕнын», — радзырдта бастдзинады ротӕйы командир, лейтенант Владимир Писаренко.

Хуссайраг ӕфсӕддон зылды пресс-службӕйы минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, ахуырты ӕдӕппӕт архайдтой 800 адӕймагӕй фылдӕр. Ахуырты рӕстӕг быдыртӕм ракодтой алыхуызон ӕфсӕддон ӕмӕ сӕрмагонд техникӕйы 100 иуӕгӕй фылдӕр.

Дмитрий Кузьмин

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here