Мӕздӕджы интернаты байгом уыдзысты ӕрмадзтӕ

0
262

2020 азы Мӕздӕджы сӕрмагонд скъола-интернаты кусын райдайдзысты фондз нырыккон ахуырадон ӕрмадзы. Уыцы куыст ӕххӕстгонд ӕрцӕудзӕн национ проект «Ахуырад»-ы фӕлгӕты.

Скъола-интернаты ӕрмадзтӕ хъӕугӕ кусӕнгӕрзтӕй сифтонг кӕнынӕн федералон бюджетӕй радих кодтой 7,8 милуан сомы бӕрц.

Уый тыххӕй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады пресс-службӕ.

Пресс-службӕйы минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, уыцы ӕрмадзты интернаты хъомылгӕнинӕгты ахуыр кӕндзысты хуыйӕджы, дзабыртӕ цалцӕггӕнӕг ӕмӕ ӕндӕр дӕсныйӕдты сусӕгдзинӕдтыл.

Ног ӕрмадзтӕ кӕм ӕрбынӕттон уыдзысты, уыцы бӕстыхӕйттӕ та сцалцӕг кӕндзысты республикӕйы бюджеты хардзӕй.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here