Майдантӕ сын радтой

0
485

Дзӕуджыхъӕуы администрацийы бӕстыхайы залы ацыд ветерантӕн юбилейон майдан «1941-1945 азты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы 75 азы» дӕттыны фӕдыл кадджын ӕмбырд.

Дзӕуджыхъӕуы муниципалон сконды ӕмӕ горӕты администрацийы сӕргълӕуджытӕ Икъаты Русланбег ӕмӕ Фӕрниаты Тамерлан Уӕрӕсейы Президенты Указмӕ гӕсгӕ фидаргонд хӕрзиуӕг радтой 30 ветеранӕн.

— Нӕ зынаргъ ветерантӕ! Фыдыбӕстӕйы хъахъхъӕнӕджы боны ӕмӕ уын юбилейон майдантӕ кӕй дӕттӕм, уыдӕтты фӕдыл уын арфӕ кӕнын! Уе сгуыхтдзинӕдты ӕмӕ бӕстӕ ногӕй аразыны рӕстӕг удуӕлдай фӕллойы тыххӕй уын — бузныг! Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы ӕнӕниздзинад, уды хъару, амонд ӕмӕ фӕрныгад! Хӕсты ӕмӕ йӕ уӕлахиздзауты тыххӕй мысинӕгтӕ кӕй бахъахъхъӕндзыстӕм ӕмӕ сӕ нӕ байзӕддӕгтӕм кӕй фӕхӕццӕ кӕндзыстӕм, уымӕй уын зӕрдӕ ӕвӕрын. Уӕ фӕллой ӕмӕ уе сгуыхтдзинӕдты тыххӕй уын ноджыдӕр ма иу хатт — стыр бузынг, — арфӕ кӕнгӕйӕ, загъта Икъайы-фырт.

Ацы азы маймӕ хӕрзиуӕг ратдзысты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ӕппӕт ветерантӕн, фӕсчъылдымы фӕллойгӕнджытӕ ӕмӕ ӕнахъомтӕй концлагерты фӕбадӕг адӕмӕн.

Дзӕуджыхъӕуы администрацийы пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here