Цӕгат Ирыстоны фӕндагаразджытӕ Ручъы ӕфцӕджы А-164 фӕндаджы Захъайы зӕйты ныхмӕ арӕзт галерей Кӕрдзынӕй Хуссар Ирыстоны арӕны онг бындуронӕй цалцӕг кӕнын райдайдзысты ацы аз. Арӕзтадон-монтажгӕнӕн куыстытӕ ахӕсдзысты 2022 азы декабры онг.
— Объекты сӕйраг конструкцитӕ скӕндзыстӕм нормативон уавӕры аккаг. Сӕвӕрдзыстӕм дзы вентиляцийы, сигнализацийы ӕмӕ зынгхуыссынгӕнӕн нырыккон системӕтӕ. Уыдзӕн дзы видеоцӕстдарды камерӕтӕ ӕмӕ цырӕгътӕ, — зӕгъы паддзахадон автофӕндӕгты управлени «Кавказ»-ы пресс-службӕйы минӕвар.
Зӕйты ныхмӕ арӕзт галерейы дӕргъ у 827 метры, йӕ аргъ та — 1,96 миллиард сомы. Уыцы ӕхцатӕй 692 милуан сомы радих кӕндзысты ацы аз, 620,7 милуан сомӕй фылдӕр — иннӕ аз, 648,4 милуан сомы та — 2022 азы.
Ручъы ӕфцӕджы фӕндаг у Уӕрӕсе Хуссар Ирыстонимӕ бӕттӕг иунӕг автомобилон фӕндаг. Хъуамӕ ӕнӕхъӕн афӕдз дӕр уа гом, фӕлӕ зымӕджы зӕйтӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ куы рацӕуынц, уӕд вӕййы ӕхгӕд. Галерей кусын райдыдта 2002 азы.
Нӕ уацхӕссӕг














