Промышленносты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг — Мӕрзойты Владимир

0
394

Цӕгат Ирыстоны промышленност ӕмӕ транспорты министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй нысангонд ӕрцыд Мӕрзойты Владимир. Уый фӕдыл сӕрмагонд Указ бафыста РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав.

Мӕрзойты Владимир райгуырд 1982 азы. 2005 азы каст фӕци Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет (райста дзы «дунеон экономикӕйы» дӕсныйад). Фӕстӕдӕр Данийы Орхуссы университеты бахъахъхъӕдта магистры къӕпхӕн «финанстӕ ӕмӕ дунеон бизнесы» дӕсныйадӕй. Йӕ фӕллойадон архайд райдыдта Мӕскуыйы акционерон ӕхсӕнад «Разамонӕг компани «Тройка диалог»-ы.

2009 азы сыздӕхт Цӕгат Ирыстонмӕ ӕмӕ кусын райдыдта Зӕрдӕдарӕнты республикон фонды директорӕй. 2010 азы нысангонд ӕрцыд Чысыл амалхъомады райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг республикон комитеты сӕрдарӕй, фӕстӕдӕр та уыд Цӕгат Ирыстоны экономикон рӕзты министры хӕдивӕг.

2013 азы нысангонд ӕрцыд Калининграды облӕсты промышленнон политикӕйы, амалхъомады рӕзт ӕмӕ базарады министры хӕдивӕгӕй.

Алы азты куыста банкты къабаз ӕмӕ инвестицион компаниты.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here