Ӕфсӕддонты ахуыртӕ

0
323

Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны кадӕн республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон полигоны ацыдысты ведомствӕйы дӕлхайӕдты ӕвдисӕн ахуыртӕ.

Хуссар Ирыстоны Гӕрзифтонг тыхты сӕйраг уӕлдӕр командӕгӕнӕг, Президент Бибылты Анатоли, Парламенты Сӕрдар Тадтаты Алан, депутаттӕ, министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты разамонджытӕ сбӕрӕг кодтой ӕфсады хӕстон цӕттӕдзинад. Ахуыртӕм цӕстдарджытӕн полигоны сарӕзтой фӕлгӕсӕн фӕз.

Хуссарирыстойнаг ӕфсад ӕвдисӕн ахуыртӕм цӕттӕ кӕй у, уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим.

Ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ сӕ хӕстон цӕттӕдзинад равдыстой ӕххӕстӕй. Ахуыртӕ ацыдысты иумӕйаг тактикон уавӕрмӕ гӕсгӕ. Ӕфсӕддонтӕ спайда кодтой уӕззау хӕстон техникӕ ӕмӕ сӕрмагонд транспортон фӕрӕзтӕй. Ӕвдисӕн ахуыртӕ куы ахицӕн сты, уӕд Сӕйраг уӕлдӕр командӕгӕнӕг бузныг загъта ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕн.

— Райгуырӕн бӕстӕ бахъахъхъӕнынмӕ цӕттӕ ӕфсӕддонтӕ сӕ размӕвӕрд хӕстӕ ӕнтыстджынӕй сӕххӕст кодтой, — бафиппайдта Бибылы-фырт.

(Информацион агентад «Осинформ»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here