Йӕ ном цӕрдзӕн ӕнусты

0
410

1940 азы 25 февралы райгуырд Ирыстоны адӕмон поэт, Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Джыккайты Шамил. Уый фӕдыл мысӕн мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыдысты Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты.

Бацӕттӕ cӕ кодта ирон филологийы факультет, йӕ сӕргъы филологон наукӕты кандидат, доцент Куыдзойты Анжелӕ. Бирӕ азты дӕргъы Шамил фӕкуыста ирон литературӕйы кафедрӕйы сӕргълӕууӕгӕй, 2001 азӕй фӕстӕмӕ та — ирон филологи ӕмӕ журналистикӕйы факультеты деканӕй.

Мысӕн изӕр байгом кодта, Дзанайты Ольгӕ разамынд кӕмӕн дӕтты, уыцы зарӕггӕнджыты къорд. Уыдон азарыдысты «Нартыхъты Сосойы зарӕг» ӕмӕ «Зарӕг Ирыстоныл». Уыцы зарджытӕ хуымӕтӕджы нӕ равзӕрстой. Уыдон тохмӕ ӕмӕ сӕрибармӕ куыд сидынц, афтӕ Шамил дӕр йӕ удӕй арт цагъта йӕ адӕмы сӕраппонд.

Джыккайты Шамил ныффыста бирӕ монографитӕ ӕмӕ наукон уацтӕ. Уым алывӕрсыгӕй равдыста адӕмон фольклоры, ирон литературӕйы истори ӕмӕ поэтикӕ. У ӕхсӕз ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд ӕмӕ ӕртӕ пьесӕйы автор.

Шамил уыди тӕлмацгӕнӕг дӕр. Ирон ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта дунейы зындгонд классикты уацмыстӕ. Уыдоны ‘хсӕн — Шекспиры драмӕ «Король Лир», Софоклы «Царь Эдип», Эдмон Ростаны «Сирано де Бержерак», Роберт Бернсы, Фридрих Шиллеры ӕмӕ Михаил Лермонтовы ӕмдзӕвгӕтӕ.

Мысӕн изӕры раныхас кодтой, Шамилы хорз чи зыдта, бирӕ азты йемӕ чи фӕкуыста, уыцы адӕм.

— Абон ардӕм чи ӕрбамбырд, уыдон сты нӕ ирон интеллигенцийы хуыздӕр минӕвӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ удтӕ хъарынц, цӕмӕй нӕм хорз фӕсивӕд хъомыл кӕна, цӕмӕй царды рӕсугъдӕй-рӕсугъддӕр кӕнӕм. Джыккайты Шамилимӕ ӕз базонгӕ дӕн 1958 азы фӕззӕджы. Уыцы рӕстӕг ахуыр кодтон педагогон институты историон-филологон факультеты дыккӕгӕм курсы ӕмӕ куыстон газет «ӕрыгон коммунист»-ы. Йӕ редактор уыдис нӕ республикӕйы зындгонд журналист Хъаныхъуаты Валодя. Иу бон мӕм Валодя радта тетрады сыф ӕмӕ мын загъта: «Мӕнӕ ма ацы ӕмдзӕвгӕ бакӕс ӕмӕ йын йӕ авторы бацагур». Бакастӕн диссаджы аив ӕмӕ рӕсугъд ӕмдзӕвгӕ. Йӕ бынмӕ фыст уыд: «Джыккайты Шамил, педагогон институты студент». Шамилы ссардтон Джызӕлы. Уӕд студенттӕ ӕххуыс кодтой колхозтӕ ӕмӕ совхозтӕн. Афтӕ райдыдта нӕ хӕлардзинад. Фӕстӕдӕр нӕм редакцимӕ фӕзынд, ӕмӕ йӕ тынг сбуц кодтам. Афтӕ рауад, ӕмӕ ма иумӕ телеуынынады дӕр акуыстам, стӕй та — Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты, — загъта ЦИПУ-йы президент, профессор Мӕхӕмӕтты Ахуырбег.

Джыккайты Шамилы тыххӕй сӕйраг ныхас ракодта газет «Рӕстдзинад»-ы сӕйраг редактор Хозиты Барис. Йӕ царды хабӕрттӕй зындгонд чи нӕ уыд, уыцы цаутӕм адӕм хъуыстой цымыдисӕй.

— Ирон литературӕмӕ ӕрбакъахдзӕф кодта, йӕхи хъуыдыкӕнынад, йӕхи цӕстӕнгас кӕмӕ уыд, ахӕм поэт — рӕстдзинадыл тохгӕнӕг. Мӕ зӕрдӕмӕ арф ахъардта йе ‘мдзӕвгӕ «Цӕф сӕгуыты маст». Сӕгуыт ирон адӕммӕ у сыгъдӕгдзинад ӕмӕ рӕсугъддзинады символ. Ахӕм уыд Шамил йӕхӕдӕг дӕр, — дзырдта Цӕгат Ирыстоны Фысджыты цӕдисы сӕрдар Агънаты Гӕстӕн.

Мысӕн изӕры архайджытӕн хиуӕтты номӕй раарфӕ кодта Шамилы кӕстӕр ӕфсымӕр, нывгӕнӕг Джыккайты Мурат.

Хъойбайты Галинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here