Ирон чызг хъаздзӕн Уӕрӕсейы иугонд командӕйы

0
246

Футболист Басаты Даниэла ӕрӕджы хуынд ӕрцыди Уӕрӕсейы фӕсивӕдон иугонд командӕмӕ.

Даниэла футболӕй хъазын райдыдта Хӕххон-металлургон институты командӕйы. Зӕрдӕргъӕвд чызгыл сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой Уӕрӕсейы уӕлдӕр къорды хъазӕг командӕты тренертӕ, ӕмӕ 2017 азы 18-аздзыд чызг хуынд ӕрцыд Краснодармӕ. Ам «ФК Краснодар»-ы Даниэла цыбыр рӕстӕгмӕ ссис командӕйы хуыздӕр хъахъхъӕнӕг. Фарон «ФК Краснодар» Уӕрӕсейы чемпионаты бацахста 3-бынат, Даниэла та нымад ӕрцыд командӕйы хуыздӕр хъазджытӕй иуыл.

«Даниэла у курдиатджын чызг. Ныртӕккӕ йыл цӕуы 21-азы, ӕмӕ, кӕд Уӕрӕсейы фӕсивӕдон командӕмӕ хуынд ӕрцыд, уӕд уым дӕр кӕй ныффидар уыдзӕн, уый мӕ уырны. Уымӕй уӕлдай ма, у нӕ бӕстӕйы сӕйраг командӕйы хъазыны аккаг дӕр» — зӕгъы йӕ фыццаг тренер Гиви Тиникашвили.

Мах зӕрдӕ дӕр зӕгъы нӕ сӕрӕн чызгӕн йӕ тренеры фӕндиаг фӕуын!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here