Арфӕтӕ — Нинӕ Чиплаковайӕн

0
251

Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав республикӕйы ӕхсӕнадон палатӕйы сӕрдар Нинӕ Чиплаковайӕн йӕ юбилейы фӕдыл зӕрдиаг арфӕтӕ ракодта. Юбиляримӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг фембӕлд йӕ кусӕн уаты.

Республикӕйы разамонӕг куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй Нинӕ Чиплакова у, Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ стыр кад кӕмӕн кӕнынц, йӕ зӕрдиаг архайдӕй бӕрӕг чи дары, уыцы сылгоймӕгтӕй иу. Юбиляр бирӕ бӕрнон бынӕтты бакуыста ӕмӕ алкӕмдӕр архайдта бӕрнон ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, бӕрзонд профессион дӕсныдзинад ӕвдисгӕйӕ.

— Арфӕйаг куыст кӕм бакодтай, уыдонӕй иу уыд республикӕйы Архивон службӕйы разамонӕджы бынат. Ды стыр ӕвӕрӕн бахастай, Цӕгат Ирыстоны историйы ахсджиаг документтӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕвдисӕндартӕ ӕфснайд кӕм сты, уыцы архивы куыст фӕахадгӕдӕр кӕныны хъуыддагмӕ. Абон та разамынд дӕттыс РЦИ-Аланийы ӕхсӕнадон палатӕйӕн. Уыцы бӕрнон бынаты дӕр зӕрдиагӕй архайыс республикӕйы ахсджиагдӕр социалон ӕмӕ ӕндӕр ӕхсӕнадон фарстытӕ лыг кӕныныл. Ӕнӕрынцой уды хицау, уӕздан ӕмӕ хӕдӕфсарм сылгоймаг — ахӕмӕй дӕ зонынц де ‘мкусджытӕ, дӕ бирӕ хӕлӕрттӕ, Цӕгат Ирыстоны ӕппӕт цӕрджытӕ. Бузныг дын зӕгъын дӕ зӕрдиаг фӕллойы тыххӕй, республикӕйы интерестыл иудадзыгдӕр кӕй аудыс, уый фӕдыл. Ӕнӕниз у, де ‘ппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр ӕнтыстджын уӕнт, — йӕ арфӕйы ныхасы фӕбӕрӕг кодта Битарты Вячеслав.

Нинӕ Чиплакова бузныг загъта ӕмӕ бафиппайдта, республикӕйы разамынды ӕууӕнкӕй сӕрбӕрзонд кӕй у, уый.

Уый тыххӕй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here