Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав дзы сӕрдариуӕг кодта, афтӕмӕй уыд республикӕйы Проектон офисы радон ӕмбырд. Фембӕлды архайджытӕ ӕрдзырдтой сӕрмагонд проект «Курдиатджын сывӕллӕттӕ» ӕххӕст кӕныныл.
Фарсты фӕдыл раныхас кодтой программӕ «Культурӕ»-йы разамонӕг Атайты Мӕдинӕ, республикӕйы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмилӕ Башарина.
Атайты Мӕдинӕ сӕйраг ӕргом аздӕхта, проект «Курдиатджын сывӕллӕттӕ»-йы фӕлгӕты цы куыст цӕуы, уымӕ. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, проекты бындурыл ӕххӕстгонд цӕудзысты цалдӕр сӕрмагонд дӕлпрограммӕйы. Уыдоны фӕткмӕ гӕсгӕ ӕвзонг курдиатджын музыканттӕн, нывгӕнджытӕ ӕмӕ артисттӕн сӕрмагонд ахуыртӕ арӕзт цӕудзӕн Уӕрӕсейы культурӕ ӕмӕ аивады раззагдӕр кусӕндӕтты. Ахӕм ахуырадон мадзӕлтты фыццаг къӕпхӕн арӕзт ӕрцӕудзӕн мартъийы-апрелы, дыккаг къӕпхӕн та — ноябры. Сӕ архайджытӕ та уыдзысты Гергиты Валерийы номыл Аивӕдты колледжы, Культурӕйы колледж ӕмӕ Аивадон училищӕйы курдиатджындӕр студенттӕ.
Уымӕй уӕлдай, курдиатджын фӕсивӕдӕн араздзысты ӕндӕр ахуырадон курсытӕ дӕр.
Программӕйы уагӕвӕрдтӕ хорзыл банымайгӕйӕ, Битарты Вячеслав куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй курдиатджын фӕсивӕдимӕ куыст хъуамӕ цӕуа бӕлвырд ӕмӕ иудадзыгон фӕткы бындурыл. Уыимӕ, ӕрмӕст аивады нӕ, фӕлӕ иннӕ къабӕзты дӕр.
Людмилӕ Башарина та радзырдта, ахуырадон центр «Сириус» байгом кӕныны фӕдыл республикӕйы цы куыст цӕуы, уый тыххӕй. Министры ныхасмӕ гӕсгӕ, ныридӕгӕн дихгонд ӕрцыд, кусӕндон кӕм сараздзысты, уыцы зӕххы хай. Центры проект дӕр хӕстӕгдӕр рӕстӕг уыдзӕн цӕттӕ.
Битарты Вячеслав уыцы проекттӕ ӕххӕст кӕныны фӕдыл бӕлвырд амынддзинӕдтӕ радта министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты разамонджытӕн.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














