Ног фатерты хицӕуттӕ систы

0
228

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ӕрӕджы Мӕздӕджы районы сидзӕр ӕмӕ ӕвӕгӕсӕгӕй баззайӕг сывӕллӕтты къордӕн радтой ног цӕрӕнуӕттӕ. Ног фатерты хицӕуттӕ систы 20 адӕймаджы.

Адӕмы уыцы категорийӕн Мӕздӕджы районы сарӕзтой цыппар ног хӕдзары. Ацы бонты та ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты Цӕгат Ирыстоны хайады минӕвӕрттӕ уыдысты районы ӕмӕ сбӕрӕг кодтой арӕзтадон куыстыты хӕрзхъӕддзинад.

Адӕмон фронты эксперттӕ фаутӕ не ‘рхастой, подрядчиктӕ куыд бакуыстой, уымӕ. Ныридӕгӕн фатертӕ ӕрцӕрынмӕ цӕттӕ сты. Къуырийы ӕмгъуыдмӕ ма сӕм баиу кӕндзысты ӕппӕт хъӕугӕ коммуникацитӕ.

«Амӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ цӕст дардзыстӕм ахӕм объекттӕм. Ныртӕккӕ ног фатерты хицӕуттӕ ницӕмӕй хъаст кӕнынц. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ног хӕдзӕртты исты хъӕндзинӕдтӕ куы разына, уӕд сӕ иуварс кӕндзӕн подрядчик йӕхи хардзӕй», — зӕгъы ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты Цӕгат Ирыстоны регионалон хайады ӕххӕсткомы сӕрдар Гӕлиты Клим.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here